Федералон закъон æххæст кæнын райдыдтой Цæгат Ирыстоны дæр. Курдиæттæ чи балæвæрдта, уыдон сты 5 500 бинонты. Алкæимæ дæр дзы цæудзæн бæлвырд ныхас, бæрæггонд цæудзысты йæ цæрыны уавæртæ.
Тандуты бинонтæ ног райдзаст хæдзармæ рагæй бæллынц. Æххуырсгæ фатеры цæрынц 7 азы. Уый фæстæ систы 44 квадратон метры хицау. Мад, фыд æмæ æртæ лæппуйы. Бинонтæн ахæм фатер у гыццыл. Ныр сын фæзынди сæ уавæртæ фæуæрæхдæр кæныны фадат. Лянæ æмæ Астик систы регионалон программæйы уæлахиздзаутæ, æмæ тагъд райсдзысты зæххы хай.
Алагиры район фыццæгты æмрæнхъ райдыдта бирæсывæллонджын бинонтæн лæвар зæххы хæйттæ дæттыны программæ æххæст кæнын. 16 зæххы хайы ныридæгæн радтой сæ хицæуттæн. 10 та ма ацы къуыри сбæрæг кæндзысты. Районы администрацийы æппарынц хæлттæ, цæмæй дзы зæрдæхудт ма уа, уый тыххæй. Æдæппæтæй нысан кæнынц 130 хайы радтын.
Инфраструктура нырма ис пъланты. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй дукани, сывæллæтты рæвдауæндон æмæ æндæр социалон объекты арæзтад аслам нæ ацæудзæн. Æрмæст бындур сæвæрынæн уал сын хъæуы 20 милуан сомы. Ахæм æхцатæ ныртæккæ нæй. Фæлæ сабыргай агурдзысты. Нырма фæзуæттæ сты хæмпæлы бын, фæлæ уый сæ фидæны хицæуттæ ницæмæ дарынц, сæйрагдæ у, кæй сын сæ радтой, уый.
Цы зæхх радих кодтой, уый у 11 гектары. Алы бинонтæн дæр 6 сотых. Фæзуат ис Майрæмадаг æмæ Къодахджынмæ хæстæг. Цæхæрадæтты æмбалад Геологмæ цур. Фæлæ дзы ног хъæу куы сырæза, уæд ын ратдзысты хицæн ном.
Бирæсывæллонджын бинонтæн зæххытæ дæттыныл проект «Гом хицауад»-ы фæлгæты дзырдта республикæйы паддзахадон исбон æмæ зæххы хæйтты ахастдзинæдты министр Фидараты Хъазыбег. Куыд загъта, афтæмæй паддзахадон æххуысмæ балæвæрдтой фондз мин курдиатæй фылдæр. Æцæгæй дæр ххуысхъуагыл та банымадтой 600 –йы. Уымæн æмæ сын сæ царды уавæртæ куы сбæрæг кодтой уæд дзы бирæтæ разындысты мæнг. Зæххытæ райсдзысты æцæгæйдæр фæкæсинаг чи у, уыдон. Министры ныхæстæм гæсгæ, ацы программæ бирæ регионты не ххæст кæнынц. Цæгат Ирыстоны федералон закъонмæ гæсгæ кусдзысты дарддæр.
Пресс конференцийы ма фехъусын кодтой зæхх райсыны тыххæй домæнтæ дæр. Сæйрагдæр – бинонты хъуамæ уа æртæ кæнæ фылдæр сывæллоны. Уымæй уæлдай дзы æнæмæнг у бынæттон регистраци, стæй республикæйы 15 азæй къаддæр хъуамæ ма цæра.
Алагиры районы ис 400 бирæсывæллонджын бинонтæ. Программæйы домæнтæм бахаудтой сæдæйæ фылдæрæй. Сæ исбоны гæххæттытæ хæстæгдæр рæстæг райсдзысты фыццаг 16 бинонтæ.




