филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:25 вторник, 16 декабря 2025
12 мая 2014, 17:34
УФ-йы президент Владимир Путин декабры йæ ныстуаны цы фарстатыл дзырдта, уыдоныл ныхас кодтой Парламенты комитеты æмбырды

Бæрæггонд куыд у, афтæмæй 131-æм закъонмæ хаст æрцыдысты ивддзинæдтæ. Баст сты муниципалон оргæнты куыстимæ. Йæ автортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ивддзинæдтæм фыццаджыдæр

УФ-йы президент Владимир Путин декабры йæ ныстуаны цы фарстатыл дзырдта, уыдоныл ныхас кодтой Парламенты комитеты æмбырды
Бæрæггонд куыд у, афтæмæй 131-æм закъонмæ хаст æрцыдысты ивддзинæдтæ. Баст сты муниципалон оргæнты куыстимæ. Йæ автортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ивддзинæдтæм фыццаджыдæр хъуамæ æркæсой регионты, хъуамæ сбæрæг кæной цы хуызы сын æнцондæр æмæ хуыздæр кусæн уыдзæн. Куыд ахадгæдæр æй скæнæн ис.

Тымбыл стъолы архайдтой республикæйы районты æмæ хъæуты разамонджытæ, Конституцион тæрхондоны минæвæрттæ, цæстдарæн-нымайæн палатæйы уæнгтæ æмæ, ацы фарста цымыдисаг кæмæн у, уыдон.

Ног закъоны проектмæ гæсгæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ кусдзысты 2 къæпхæнмæ гæсгæ. Куыд фæнд кæнынц, афтæмæй дзы уыдзæн 2 муниципалон иугонды: горæтаг зылд, районтыл дихгондæй æмæ хицæн горæтæн йæхи район.

Куыд кусдзысты, уый субъекттæ бæрæг кæндзысты сæхæдæг.

Гæлуаты Зауыр, Фарныхъæуы администрацийы сæргълæууæг: «Ахæм тымбыл стъолтæ мах тынг хъæуынц. Уымæн æмæ махæн, хъæуты æмæ районты разамонджытæн нæ бон вæййы цы фарстатæ нæм ис, уыдонæн ам дзуапп райсын. Парламенты специалисттæ юридикон æгъдаумæ гæсгæ бамбарын кæнынц куыд æмæ цы кæныны хъæуы, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania