филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:10 понедельник, 01 июля 2024
14 августа 2014, 17:09
Украинæйæ æрбалидзæг 3 бинонтæн Мæздæджы районы Виноградныйы хъæуы радтой цæрæн бынæттæ

Уыдонæй уæлдай ма Мæздæджы районы æрцардысты Украинæйаг 150 адæймаджы.

Бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ сæм сæ цæст дарынц, зæрдæ сын бавæрдтой куысты бынæттæ сарынæй, сывæллæттæн та бынæттæ скæндзысты рæвдауæндæтты.

73726
Украинæйæ æрбалидзæг 3 бинонтæн Мæздæджы районы Виноградныйы хъæуы радтой цæрæн бынæттæ. Уыдонæй уæлдай ма Мæздæджы районы æрцардысты Украинæйаг 150 адæймаджы.
Бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ сæм сæ цæст дарынц, зæрдæ сын бавæрдтой куысты бынæттæ сарынæй, сывæллæттæн та бынæттæ скæндзысты рæвдауæндæтты.
Се ‘рбацыдмæ бынæттон цæрджытæ рагацау бацæттæ кодтой. Рагъагъоммæ сæ экскурсийы сластой районмæ, базонгæ сæ кодтой сæ царды уавæртимæ. Мæздæджы цæрыныл чи сразы, уыдонæн самал кодтой хæдзæрттæ. Базылдысты сæм æмæ дзы ныр æрцардысты ног цæрджытæ.
Æрбалидзæг бинонтæй кæйдæрты фæнды ам баззайын. Уымæ гæсгæ хæдзæрттыл тынг бацин кодтой. Ныр сæхи цæттæ кæнынц зымæгмæ дæр, хъуыды кæнынц, ног бынаты сæ цард куыд сараздзысты, ууыл.
Хæстæгдæр рæстæг Мæздæджы минæвæрттæ бабæрæг кæндзысты Урсдоны чи ис, уыцы лыгъд адæмы дæр. Уыдоны дæр базонгæ кæндзысты районы цардимæ. Кæд сæ Мæздæджы æрбынат кæнын искæй бафæнда, уæд сын баххуыс кæндзысты.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania