филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:29 суббота, 21 сентября 2024
29 сентября 2014, 10:57
Украинæйæ Ирыстонмæ æрбалыгъд 994 адæймаджы, уыдонæй 258 сты сывæллæттæ

Æмæ се ппæты дæр хъæуы æххæуыс æмæ рæвдыд». Æрлидзæг адæмы бабæрæг кæнгæйæ ахæм хатдзæгмæ æрцыдысты Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ. Фыццаджыдæр цы бакæнын хъæуы, цæмæй сæм фæкæсын хъæуы, ууыл ныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн иституты цы тымбыл стъол уыд, уым.

74498
«Украинæйæ Ирыстонмæ æрбалыгъд 994 адæймаджы, уыдонæй 258 сты сывæллæттæ. Æмæ се ппæты дæр хъæуы æххæуыс æмæ рæвдыд». Æрлидзæг адæмы бабæрæг кæнгæйæ ахæм хатдзæгмæ æрцыдысты Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ. Фыццаджыдæр цы бакæнын хъæуы, цæмæй сæм фæкæсын хъæуы, ууыл ныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн иституты цы тымбыл стъол уыд, уым. Мадзал арзæт æрцыд республикæйы Æхсæнадон палатæйы хъæппæрисæй. Æрбахуыдтой йæм министрадты æмæ ведомствæты минæвæртты.

Тымбыл стъолы архайджытæ куыд загътой, афтæмæй йæ фыдыуæзæгæй чи ралыгъд, йæхи æмæ йæ сывæллæтты ирвæзынгæнгæйæ Ирыстонмæ чи ссыд, уыдоны æппæты разæй хъæуы хойрæгтæ: картоф æмæ кърупа.

Специалисттæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй Уæрæсейы иннæ регионтæм ацæуын кæй фæнды, уыдонæн цæудзæн финансон æххуыс. Ам цæргæйæ чи баззайа, уыдонæн дæр цæудзæн алывæрсыг æххуыс.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania