филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:29 воскресенье, 29 сентября 2024
08 сентября 2014, 17:16
Украинæйæ Ирыстонмæ цы адæм æрбалыгъд, уыдоны уавæрыл æрдзырдтой сæрмагонд кусæг къорды æмбырды

Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий, архайдта дзы Федерацийы Советы уæнг Тотоонты Алыксандр. Миграцион службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ Цæгат Ирыстоны Украинæйæ æрбалидзæг адæмæй ис 1050. Скъоладзауы кары сæ чи ис, уыдон æппæтдæр бацыдысты скъолатæм, баххуыс сын кодтой уæлæдарæсæй, ахуыргæнæн чингуытæй. Зындæр у чысыл сабиты фарстатæ лыг кæнын, уымæн

73246
Украинæйæ Ирыстонмæ цы адæм æрбалыгъд, уыдоны уавæрмæ иудадзыгдæр ис хъусдард. Сæрмагонд кусæг къорды радон æмбырды каст цыд, хæстæгдæр рæстæг алыг кæнын кæй хъæуы, уыцы фарстатæм.

Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий, архайдта дзы Федерацийы Советы уæнг Тотоонты Алыксандр. Миграцион службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ Цæгат Ирыстоны Украинæйæ æрбалидзæг адæмæй ис 1050. Скъоладзауы кары сæ чи ис, уыдон æппæтдæр бацыдысты скъолатæм, баххуыс сын кодтой уæлæдарæсæй, ахуыргæнæн чингуытæй. Зындæр у чысыл сабиты фарстатæ лыг кæнын, уымæн æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты бынæттæ нæй. Уымæ гæсгæ, санаторий «Тæмисчы» кæй æрбынæттон кодтой, уыцы сабитæн уым скодтой рæвдауæндон. Бæрнон ведомствотæ архайынц куыст ссарыны æххуыс кæныныл, æнæкъуылымпыйæ исынц медицинон лæггæдтæ дæр. Ахсджиагдæр фарста у, зымæг кæм арвитдзысты, уыимæ баст. Зæгъæм, пансионат «Урсдон»-ы фадæттæ нæй, æмæ адæмы уырдыгæй хъæудзæн æндæр бынæттæм æрвитын.

Зæнгионты Виталий, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг: «Бирæ сты, æмæ зын ссарæн у бынæттæ, цæмæй æнæ зындзинæдтæй зымæг ам фæуой. Сбæлвырд сын кæнын хъæуы сæ статус дæр: лыгъд адæймаг у, æви йæ фидæны ам фæнды цæрын, æви рæстæгмæ йæхицæн цæрæн бынат агуры. Уый куы сбæрæг уа, уæд сын куыст дæр æнцондæр агурæн уыдзæн. Кусын куы райдайой, уæд сын сæ цæрыны уавæртæ дæр сæ бон хуыздæр кæнын уыдзæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania