филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:45 четверг, 23 мая 2024
19 августа 2014, 11:52
Украинæйæн зын сахат хæцæнгарзæй æмæ сæ хъæбатырдзинадæй чи æххуыс кæны, уыдоны хсæн сты нæ республикæйы минæвæрттæ дæр

Фосфоры бомбæтæ, сармадзанты гыбар-гыбур, «Град» æмæ «Ураган»-ы нæмгуытæ – Украинæйы сабыр цард халджытæ нæ ауæрдынц адæмыл.

73773
Фосфоры бомбæтæ, сармадзанты гыбар-гыбур, «Град» æмæ «Ураган»-ы нæмгуытæ – Украинæйы сабыр цард халджытæ нæ ауæрдынц адæмыл.

Сæхицæн æмæ сæ цотæн тæрсгæйæ, цæрджытæ ныууагътой сæ хæдзæрттæ æмæ лидзынц Уæрæсейы алы регионтæм.

Батальон «Восток» Украинæйы Скæсæйнаг хайы цæрджытæн дæтты ныфс. Ныхмæлæуджытæн сæттын нæ комы. Йе фсæддонты хъæбатырдзинад та дисы фтауы знæгты дæр, бынæттон цæрджыты дæр.

Ацы бонты хæдæфсады уæнгтæ, батальон «Восток»-ы æфсæддонтæ сты Ирыстоны.

Украинæйы цы цаутæ цæуы, уыдонæнмæ куыдфæндыйы цæстæй ничи кæсы. Æфсымæрон республикæйы цæрджытыл риссы алкæй зæрдæ дæр. Зын сахат сæ фарсмæ чи æрбалæууыд, æрмæст ныхасæй нæ, фæлæ сын хъуыддагæй, растдæр зæгъгæйæ та хæцæнгарзæй æмæ сæ хъæбатырдзинадæй чи æххуыс кæны, уыдоны хсæн æппæты фыццаг уыдысты Ирыстоны минæвæрттæ.

Батальон «Восток» Украинæйы Скæсæйнаг хайы цæрджытæн дæтты ныфс. Ныхмæлæуджытæн сæттын нæ комы. Йе фсæддонты хъæбатырдзинад та дисы фтауы знæгты дæр, бынæттон цæрджыты дæр. Йæ уæнгтæ Еналдыты Тамерлан æмæ Магкæты Макар уацары куы бахаудтой, уæд сыл чи нæ хъыг кодта, ахæм нæ уыд нæдæр Украинæйы, нæдæр Уæрæсейы. Уæлдайдæр та Ирыстоны. Цалдæр боны размæ сæ суæгъд кодтой.

«Мамай» æмæ «Волк» – ахæм нæттæ сæвæрдтой Мамиаты Олег æмæ Джиоты Эдгарыл. Æнæзонгæ не сты, Украинæйы чи хæцы, уыцы æфсæддонтæн. Хъыгагæн, фæцæф сты æмæ ныртæккæ сты Ирыстоны. «Куыддæр нæхиуыл фæхæцæм, афтæ та ацæудзыстæм Украинæмæ. Мах не фсымæрты нæ ныууаддзыстæм» – зæгъынц лæппутæ.

Сæ хъуыдымæ гæсгæ, фашизм парахат кæнын нæ бауадздзысты. Æгæр бирæ зиантæ æрхаста адæмæн æмæ йæ ныры кæстæртæ хъуамæ ма бавзарой.
Фосфоры бомбæтæ, сармадзанты гыбар-гыбур, «Град» æмæ «Ураган»-ы нæмгуытæ – Украинæйы сабыр цард халджытæ нæ ауæрдынц адæмыл.

Райгуырæн зæхх хъахъхъæныны хæс райсгæйæ, йæ æххæст кæнынц алыхуызон. Иутæ цард змæнтынц æмæ уымæй расайынц лæгмæрдтæ. Иннæтæ та хæдæфсад саразгæйæ, хъахъхъæнынц цæрджыты сабыр цард æмæ тох кæнынц сæ æдасдзинадыл.

Кæйдæр æнахуыр уарзондзинадæй та рауайы – хæст.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania