филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:28 суббота, 21 сентября 2024
23 сентября 2014, 11:00
Украинæйæ ралидæг адæмæн ногæй хъæуы гуманитарон æххус æмбырд кæнын

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Украинæйæ Цæгат Ирыстонмæ ралидзæг адæмы суазæг кодтой пансионат «Урсдоны» æмæ санаторий «Тæмисчъы». Фæлæ Урсдоны зымæг арвитынæн уавæртæ нæй. Уымæ гæсгæ лыгъд адæм иууылдæр æрбынат кæндзысты Тамисчъы. Абон уырдæм ацæудзæн сæ фæстаг фæлтæр. Кæд сын æппæт фадæттæ дæр арæзт цæуынц, уæддæр ма цух бирæ цæмæйдæрты æййафынц.

74412
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Украинæйæ Цæгат Ирыстонмæ ралидзæг адæмы суазæг кодтой пансионат «Урсдоны» æмæ санаторий «Тæмисчъы». Фæлæ Урсдоны зымæг арвитынæн уавæртæ нæй. Уымæ гæсгæ лыгъд адæм иууылдæр æрбынат кæндзысты Тамисчъы. Абон уырдæм ацæудзæн сæ фæстаг фæлтæр. Кæд сын æппæт фадæттæ дæр арæзт цæуынц, уæддæр ма цух бирæ цæмæйдæрты æййафынц. Хъарм уæлæдарæс, сывæллæтты хæринаг æмæ æндæр хъæугæ дзаумæттæ, раздæрау, æрбахæссæн ис гуманитарон æххуысы æмбырдгæнæн пунктмæ – Дзæуджыхъæуы Дзержинскийы уынджы 70-йæм хæдзармæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцæудзæн хæрзаудæн концерт. Уым дæр сын æмбырд кæндзысты æххуы.

Дзаумæттæ сæмбырд кæнынæн æрмæстдæр дыууæ сахаты. Дыууæ сывæллоны мад Екатеринæ Бида ныр дæр зынтæй æрæмысы уыцы цаутæ. Сæ райгуырæн хæдзарæй Донецкæй куыд лыгъдысты, уый.

Екатерина Бида: «Куы цыдыстæм, уæд нæм æхца нæ уыди. 30 гривнæйы æрмæстдæр, уырыссаг æхйайæ – 100 сомы. Мæ бинойнагæн йæ мæйы мызд дæр нæ бафыстой, афтæмæй ралыгъдыстæм. Баххуыс нын кодтой йæ хæстæджытæ. Мæ дзаумæттæм куы ркастæн, уæд æй бамбæрстон бирæ æнæхъæугæтæ кæй рахастон, уый».

Сывæллæтæн хæринаг, хъарм уæлæдарæс гигиенæйы фæрæзтæ æппæт уыдонæй ныртæккæ цух æййафынц, санаторий «Тæмисчъы» чи æрбынат кодта, уыцы лыгъд адæм. Уæлдайдæр та, дыууæ къуырийы размæ чи ссыд, уыцы æртын адæймаджы. Санаторийы сæйраг дохтыр Созæты Галинæ куыд зæгъы, афтæмæй архайынц лыгъд адæмæн æппæт фадæттæ аразыныл. Кæнынц сын хæрзад хæринаг, дзæбæхгæнæн процедурæтæ. Бæстыхайы дыууæ уæладзыджы радтой Луганскæй æмæ Донецкæй ралидзджытæн. Ныртæккæ санаторийы ис 170 æрбалидзæг адæймаджы. Сæ фылдæр раздæр уыдысты Урсдоны пансионаты. Фæлæ дзы зымæгон цæрæн нæй. Алагиры районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ма бирæтæ цæрынц сæ хæстæджытæм, зонгæтæм. Уыдоны дæр хъæуы æххуыс.

Мæхъиты Юрий, Алагиры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Июны нæм ссыдысты лыгъд адæмы ног фæлтæр. Се хсæн сывæллæттæ дæр, ацæргæ адæм дæр. Кæйдæрты суазæг кодтой сыхаг хъæуты сæ хæстæджытæ, зонгæтæ, зæрдæхæлар адæм. Æххуыс сын кæнынц бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ».

Украинæйæ ралидзæг адæм æнхъæлмæ кæсынц документтæ кæд райсдзысты, æмæ раздæрау цæрын кæд райдайдзысты, уымæ. Ссардзысты куыст æмæ дардзысты сæ бинонты. Уымæн æмæ æххуыс агурын, æмæ искæмæ æнхъæлмæ кæсын тынг зын у. фæлæ уæддæр сæ зæрдæ дарынц, сæ рыстимæ иунæгæй кæй нæ баззайдзысты, ууыл. Ныридæгæн дæр æй бамбæрстой, Ирыстоны цы зæрдæхæлар адæм цæры, уый.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania