филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:31 пятница, 03 мая 2024
11 августа 2014, 17:22
Украинæйæ ралидзæг адæмæн куысты бынæттæ ссарыны тыххæй Алагиры районы арæзт æрцыд армукъа

Республикæйы куыстдæттæн департаменты зæрдæ æвæрынц алы лыгъд адæймагæн дæр кæй баххуыс кæндзысты, уымæй. Суанг ма арæздзысты бæстæйы æндæр горæттимæ бастдзинæдтæ дæр.

73540
Украинæйæ ралидзæг адæмæн куысты бынæттæ ссарыны тыххæй Алагиры районы арæзт æрцыд армукъа. Республикæйы куыстдæттæн департаменты зæрдæ æвæрынц алы лыгъд адæймагæн дæр кæй баххуыс кæндзысты, уымæй. Суанг ма арæздзысты бæстæйы æндæр горæттимæ бастдзинæдтæ дæр. 
Ахадгæ рауад Украинæйæ ралидзæг адæмæн куысты бынæттæ ссарыны тыххæй Алагиры районы цы армукъа арæзт æрцыд, уый. Куыстдæттæн центрмæ æрбахуыдтой районы разамынды æмæ амалхъом адæмы. 
Уыдон радзырдтой, цы куысты бынæттæ сæм ис, уый тыххæй. Ныртæккæ лыгъд адæм кæм цæрой, уый ис æмæ сæ ахсджиаг фарста у куысты ныллæууын. 
Къаболаты Ларисæ, республикæйы куыстдæттæн центры разамонæг: «Тынг бирæ информаци сын радтам. Æндæр рæттæм ацæуын кæй фæнды, уыдонæн дæр фадат радтам, куыст ссарынæн».
Светланæ Литвинова йæ цардæмбалимæ ралыгъд Украинæйæ æмæ сын Цæгат Ирыстоны радтой цæрæнуат, ныр та ма куыст дæр. Дыууæйæ дæр уарзынц кæсаг ахсын æмæ ныр «Алания фиш»-ы, кæндзысты кæсæгты куыст. 
Куыстдæттæн центры куыд зæгъынц, афтæмæй архайдзысты сеппæтæн дæр куыст ссарыныл. 
Дудиаты Батраз, куыстдæттæг: «Мах цæттæ стæм кæй фæнды, уыдонæн баххуыс кæнынмæ. Алцыдæр ис нæ цуры, рæвдауæндон, скъола. Алкæмæн дæр фадат ратдзыстæм». 
Йæ зæрды ам баззайын кæмæн нæй, уыдонæн та сарæзтой телеуынынады бастдзинад нæ бæстæйы æндæр горæттимæ. Бенедикты бинонты хистæр у шахтер æмæ йын куыст ссардтой Иркутскы. 
Центры кусджытæ архайынц алы лыгъд адæймагæн дæр куыст ссарын æмæ уæд сæ къæбæры фаг кусдзысты, кæд сын гуманитарон æххуыс æрбарвитынц, уæддæр сæ фæнды сæ бинонты сæхи фæллойæ дарын.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania