16 июля 2014, 16:53
Украинæйæ ралидзæг адæмæн – посты лæггæдтæ лæвар
Æхца арвитын, миграцион хъусынгæнинæгтæ райсын, Интернетæй пайда кæнын.
Уæрæсейы Пост рахаста уынаффæ, Украинæйы хуссар-скæсæйнаг хайæ ралидзæг адæмæн лæвар лæггæдтæ кæныны тыххæй. Нæ республикæйы рæстæгмæ пунктты чи ис, уыцы адæмæн посты æртæ хайады: Тæмисчъы, Урсдоны æмæ Беслæны ис райсæн æмбæлгæ æххуыс.
Украинæйæ ралидзæг адæмæн – посты лæггæдтæ лæвар. Æхца арвитын, миграцион хъусынгæнинæгтæ райсын, Интернетæй пайда кæнын.
Уæрæсейы Пост рахаста уынаффæ, Украинæйы хуссар-скæсæйнаг хайæ ралидзæг адæмæн лæвар лæггæдтæ кæныны тыххæй. Нæ республикæйы рæстæгмæ пунктты чи ис, уыцы адæмæн посты æртæ хайады: Тæмисчъы, Урсдоны æмæ Беслæны ис райсæн æмбæлгæ æххуыс. Ацы бонты ма Дзæуджыхъæуы гастролты чи ис, уыцы доны цирчы артисттæ архайынц, Украинæйæ чи ралыгъд, уыцы адæмæн гуманитарон æххуыс æрæмбырд кæныныл. Ныр фæд-фæдыл цыппæрæм хуыцаубон Доваторы æмæ Московскийы уынгты тигъыл æмбырд кæнынц дзаумæттæ, кусæнгæрзтæ æмæ хъазæнтæ. Хуыцаубоны лыгъд адæмæн сæ бон у Дзæуджыхъæуы доны циркмæ бацæуын. Цирчы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй сæ бон у 400 адæймаджы суазæг кæнын, горæты цæрджытæй та курынц, цæмæй архайой акцийы.
темæмæ гæсгæ




