филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:23 понедельник, 08 июля 2024
01 сентября 2014, 17:38
Украинæйæ Цæгат Ирыстонмæ æрлидзæг сывæллæттæн дæр абон азæлыд фыццаг дзæнгæрæг

Ацы боныл тынг цин кодтой сывæллæттæ дæр, ныййарджытæ дæр. Уæвгæ сывæллæттæ ницы хъуаг сты: сифтонг сæ кодтой чингуытæй, фыссæнгæрзтæй, уæлæ æмæ къахыдарæсæй, формæйæ.

74012
Ацы боныл тынг цин кодтой сывæллæттæ дæр, ныййарджытæ дæр. Уæвгæ сывæллæттæ ницы хъуаг сты: сифтонг сæ кодтой чингуытæй, фыссæнгæрзтæй, уæлæ æмæ къахыдарæсæй, формæйæ. Кæд сывæллæттæй бирæтæ сахуыр сты украинаг æвзагыл дзурын, уæддæр зæрдиагæй дзурынц уырыссагау. Цымыдис сæм кæсы ирон æвзаг дæр. Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ сывæллæттæ тагъддæр фæцахуыр вæййынц ног æвзагыл æмæ сæ кæй фæнда, уыдонæн бар уыдзæн ирон æвзаг ахуыр кæнын. Урсдоны санаторийы чи æрцард, уыцы сывæллæттæй 24 цæудзысты Урсдоны скъоламæ, 3 хистæркъласоны та цæудзысты Хъарман-Сындзыхъæуы скъоламæ. Уырдæм сæ ласдзысты автобусты. Ахæм хуызы ахуыр кæндзысты 2 мæйы. Фæстæдæр бинонты æрцæрын кæндзысты иннæ районты. Уый та уымæн æмæ Урсдоны пансионаты зымæгон цæрæн нæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania