20 декабря 2022, 11:34
Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы чи фæмард, уыцы службæгæнджыты сывæллæттæ ацæудзысты Мæскуымæ
Æртæ боны сæ бон уыдзæн театртæм стæй музейтæм цæуын
Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы чи фæмард, уыцы службæгæнджыты сывæллæттæ ацæудзысты Мæскуымæ экскурсимæ. Æртæ боны сæ бон уыдзæн театртæм стæй музейтæм цæуын. Стæй масын фадат уыдзæн нæ бæстæйы сæйраг горæты зæрдылдарæн бынæттæ бабæрæг кæнынæн. Ахæм ахсджиаг балцæн фæрæзтæ радих кодтой федералон бюджетæй. Йæ саразыныл та бакуыста Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты комитет. Йæ сæрдар Джусойты Руслан куыд загъта, афтæмæй нæ иумæйаг хæс у ацы бинонтæн æххуыс кæнын. Хъуамæ банкъарой, паддзахад æмæ сыл æхсæнад куыд ауды, уый.
темæмæ гæсгæ




