30 июня 2014, 11:16
«Урсдоны» пансионаты æмæ «Тæмисчъы» санаторийы психологон æххуыс кæнынц Украинæйæ лыгъд адæмæн
Ис дзы 186 адæймаджы, уыдонæй 96 сты сывæллæттæ. Ифтонг сты æнæмæнг хъæугæ дзаумæттæй. Алы бон дæр сæм цæуынц адæм, æххуыс сын кæнынц кæмæн йæ бон цæмæй у, уымæй.
Ис дзы 186 адæймаджы, уыдонæй 96 сты сывæллæттæ. Ифтонг сты æнæмæнг хъæугæ дзаумæттæй. Алы бон дæр сæм цæуынц адæм, æххуыс сын кæнынц кæмæн йæ бон цæмæй у, уымæй. Æмæ кæд хæринагæй цух не сты, уæддæр сын ласынц продукттæ, уæлæдарæс. Цæгат Ирыстоны сæ хорз суазæг кодтой, ам баззайыны, æмæ Уæрæсейы цæрджытæ суæвыныл дæр разы сты, фæлæ Украинæйы сты сæ хæстæджытæ, уымæ гæсгæ бæллынц æрмæстдæр иу хъуыддагмæ – сæ райгуырæн зæххыл хæст бамынæг уæвынмæ. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты лыгъд адæмæн сæ фылдæр. Украинæмæ фæстæмæ аздæхын нал фæнды, уым хæстæджытæ кæмæн нал ис, æмæ дзы æнæхæдзарæй чи баззад, уыдоны. Бирæтæн дзы сæ хæдзæрттæ ныппырх сты ракетæтæ æмæ сармадзанты нæмгуытæй. Сæ зæрдæ дарынц миграцион службæйыл. Амæй размæ сын скодтой медицинон æркаст дæр. Сæ уавæр æвзæр нæу. Хæринаг сын дæттынц бон æртæ хатты, сывæллæттæн ма дæтдзысты уæлæмхасæн дæр. Лыгъд адæмæн æххуыс кæнынц пысылмæтты управлени æмæ Алагиры сылгоймæгты моладзандон дæр. Иу амалхъом адæймаг та сын баласта хуыссæны цъæртты 100 комплекты.
Ацы адæмы уавæры тыххæй республикæйы хицауады æрвылбон дæр вæййы æмбырдтæ. Алыхуызон æххуыс бакæныны тыххæй арæзт цæуынц æппæт мадзæлттæ. Ацы хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, æмæ сын сæ уавæр фæрогдæр кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон бадзурын у ахæм телефонæй: 54-86-72.
темæмæ гæсгæ




