филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:26 вторник, 16 декабря 2025
21 декабря 2012, 13:38
Уыд архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министрады коллегийы радон æмбырд

Хатдзæгтæ скодтой ацы азы куыстæн æмæ снысан кодтой, фидæн азы ма цы фарстатыл бакусын хъæуы, уыдон.

Арæзтады къабазы ныридæгæн æххæстгонд цæуынц цалдæр программæйы.

Хатдзæгтæ скодтой ацы азы куыстæн æмæ снысан кодтой, фидæн азы ма цы фарстатыл бакусын хъæуы, уыдон.

Арæзтады къабазы ныридæгæн æххæстгонд
цæуынц цалдæр программæйы. Коллегийы æмбырды æрдзырдтой дыууæйы
хатдзæгтыл. Архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министры хæдивæг Кцойты
Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй цæрæнуæтты арæзтады рæзтмæ арæзт
программæмæ гæсгæ, эксплуатацимæ радтой 468 хæдзары. Уыимæ иу адæймагмæ
цал квадратон метры хауы, уыцы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, нæ республикæ
Цæгат-Кавказы федералон зылды ис хуыздæрты ‘хсæн. Кæд æмæ 2010-м азы
цæрæнуæтты арæзтады æвдисæн уыд 198мин квадтратон метры, уæд программæйы
нысан у, цæмæй уыцы нымæц 2015-м азмæ сырæза 220минмæ паддзахадон
æххуысы фæрцы.

Кцойты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы архитектурæ
æмæ арæзтадон политикæйы министры хæдивæг: «Ахæм æххуыс сын бакæна,
цæмæй, цы зæххытыл аразынц, уым конд æрцæуа æппæт коммуналон
инфраструктурæ. Уый руаджы цæрæнбынæтты аргъ хъуамæ фæкъаддæр уа, æмæ
фылдæр адæмæн сæ бон уа цæрæн бынæттæ балхæнын.

Æххæст ма кæнынц программæ «Жилище» дæр.
Уымæ гæсгæ 103 бинонты сертификатты фæрцы фæхуыздæр кодтой сæ цæрыны
уавæртæ. Дарддæр цæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн ног цæрæн
бынæттæ амал кæныны куыст дæр. Архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы
министр Ализаты Хъазыбег фылдæр æргом раздæхта, афæдзы кæронмæ цы
ахсджиаг фарстатыл бацархайын хъæуы, уыдонмæ.

Ализаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы
архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министр: «Программæтæ иуылдæр
кусынц. Афтæ нæй зæгъæн, æмæ кæцыдæр программæйы нæ республикæ фæстейы
баззад. Æппæты разæй дæр не стæм, фæлæ нæ федералон зылды раззагдæр чи
у, уыдонмæ хæстæг стæм, æмæ нæ къæпхæн цæмæй фæуæлдæр кæнæм, ууыл
архайæм. Ис ма ныл хæс ног азы. Паддзахады фæнды, цæмæй, адæмæн цы
хæдзæрттæ аразæм, уыдонæн сæ аргъ фæкъаддæр кæнæм».

Стыр хæстæ ис бынæттон хиуынаффæйады раз
дæр. Хæстæгдæр рæстæг хъуамæ кæронмæ конд æрцæуой территориалон
схемæтæ, стæй генералон пълантæ. Фидæны æрмæстдæр ацы ахсджиаг
документтæ дтдзысты фадат арæзтадон мадзæлттæ кæнынæн.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania