филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:33 понедельник, 08 июля 2024
01 сентября 2014, 17:16
Уыд «Беслæны мадæлты» комитеты пресс-конференци

Беслæны 1-æм скъолайы террористон актæн уыд не руадзæн, афтæ загътой «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ æмæ йæ сæрдар Дудиаты Сусаннæ, саударæн мадзæлтты фæстæ цы пресс-конференци уыд, уым.

74006
Беслæны 1-æм скъолайы террористон актæн уыд не руадзæн, афтæ загътой «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ æмæ йæ сæрдар Дудиаты Сусаннæ, саударæн мадзæлтты фæстæ цы пресс-конференци уыд, уым. Нырмæ бæрæггонд не рцыдысты æвирхъау фыдбылызы аххосджын чи у, уыцы фыдгæнджытæ, зæгъынц комитеты уæнгтæ. Уыимæ, Беслæны террористон актыл 10 азы кæй рацыд, уымæ гæсгæ кæронмæ æрхæццæ йæ аххосджынты уголовон æгъдауæй бафхæрыны бар. Комитеты уæнгты хъуыдымæ гæсгæ рагагъоммæ бæрæг уыд, республикæйы террористон акт кæй цæттæ кæнынц, уый. Фæлæ йæ не руадзыны тыххæй фаг мадзæлттæ арæзт не `рцыдысты. 2004-æм азы республикæйы хицауады бардзырдмæ гæсгæ хъуамæ фидаргонд æрцыдаид терактæй бахъахъхъæныны пълан. Уымæ гæсгæ скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ æмбæлыд видеоцæстдарды системæтæй сифтонг кæнын. Уый конд не `рцыд, зæгъынц «Беслæны мадæлтæ».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania