Горæты раздæры сæргълæууæг Михаил Шаталов дæр зæрдиагæй архайы горæты аивдзинадыл, уый бæрæг у йæ фæндтæ æмæ хъуыдытæй.
Уыд Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон Советы радон æмбырд.
Сæрдариуæг дзы кодта Михаил Шаталов. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æрæджы
Советы уæнгтæ бæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы
уæлмæрдты сыгъдæгдзинад. Горæты раздæры сæргълæууæг Михаил Шаталов дæр зæрдиагæй архайы горæты аивдзинадыл, уый бæрæг у йæ фæндтæ æмæ хъуыдытæй. Æхсæнадон Советы уæнгтимæ
цы бынæттæ федтой, уыдоны уавæрæй зæрдæ риссы. Уымæ гæсгæ бахастой фæндонд, бацæттæ
кæнын æрмæджытæ æмæ сæ фæхæццæ кæнын горæты хицауадмæ. Æмбырдмæ хуынд æрцыдысты
сæрмагонд ведомствæты минæвæрттæ. Уыдонæй аразгæ у Дзæуджыхъæуы территориты
санитарон уавæр. Дзæуджыхъæуы администрацийы Æхсæнадон Советы ма æрдзырдтой æндæр
лыггæнинаг фарстатыл дæр.




