филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 суббота, 28 сентября 2024
29 октября 2020, 12:30
Уыд Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы президиумы радон æмбырд

Æркастысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадимæ баст фарстатæм

Уыд Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы президиумы радон æмбырд. Æркастысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадимæ баст фарстатæм. Стыр æргом аздæхтой хъармгæнæн сезоны райдианмæ. Æхсæнадон организациты минæвæрттæ рахастой фæндон, цæмæй æркаст хъуыддæгтæ ныммыхуыр кæной дзыллон информацион фæрæзты. Сараздзысты рубрикæ «Дзæуджыхъæуы цæрджыты риссаг фарстатæ». Уый фæрцы æнцондæр уыдзæн адæмимæ кусын æмæ сæ сæрмагонд структурæтæм хæццæ кæнын. Дзырдтой, республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисы фæрцы цы зиутæ арæзт цыд, уыдон сног кæныныл. Дзæуджыхъæу зымæгмæ хъуамæ бацæуа аивæй, æнæ бырæттæй, загътой советы æмбырды. Уымæй дарддæр ма бæрнон кусджытæ æрдзырдтой спортивон-дзæбæхгæнæн мадзæлттыл. Хъуамæ сывæллæттимæ æмæ фæсивæдимæ арæзт цæуой сæ цæрыны æмæ ахуыры бынæттæм хæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania