филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:35 среда, 17 декабря 2025
19 февраля 2013, 17:13
Уыд электрон тыхæн хæсджынтимæ кусынæн ведомствоты ‘хсæн къамисы æмбырд

Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Габысаты Константин.

Æмбырды куыд загътой, афтæмæй электрон тыхæн Æрæфы район хæс дары 11 милуан сомы.

Уыд электрон тыхæн хæсджынтимæ кусынæн ведомствоты ‘хсæн къамисы æмбырд. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Габысаты Константин.

Æмбырды куыд загътой, афтæмæй электрон тыхæн Æрæфы район хæс дары 11 милуан сомы. Рахизфарсы район та газæн нæ бафыста 12 милуаны æмæ 500 000 сомы.

Раппæлæн ис æрмæстдæр Мæздæджы районæй.

Габысаты Константин куыд загъта, афтæмæй фылдæр фæхæсджын сты хъармгæнæн куыстуæттæ æмæ бюджетон организацитæ.

Хицауады сæрдары хæдивæг бынæттон хиуынаффæйады кусджытæй æмæ хъармгæнæн куыстуæттæй бадомдта, цæмæй сæ хæстæ фидын райдайой. Хъуыддаг хуыздæрырдæм куы нæ аива, уæд сын электрон тых нал уаддзысты.

Скъолатæ, рæвдауæндæттæ, рынчындæттæ æмæ хæдзæрттæ æнæ хъармæй æмæ рухсæй куы баззайой, уæд аххосджын уыдзысты сæхæдæг.

«Уæвгæ, фиддонты къæлиндар æрмæст гæххæт нæу, фæлæ йæ хъæуы æххæст кæнын» – загъта Габысаты Константин.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania