Амыдта йæ Такъоты Сергей. Æрдзырдтой культурæимæ баст фарстатыл. Ацы аз хъуамæ 4-æм хатт ацæуа «Ирон зарæджы» бæрæгбон. Нысан æй кæнынц 17-æм майы. Æмбырды сфидар кодтой мадзалы программæ æмæ бæрнон разамонджыты.
Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей. Æрдзырдтой культурæимæ баст фарстатыл. Ацы аз хъуамæ 4-æм хатт ацæуа «Ирон зарæджы» бæрæгбон. Нысан æй кæнынц 17-æм майы. Æмбырды сфидар кодтой мадзалы программæ æмæ бæрнон разамонджыты.
Ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты «Æнæниздзинадхъахъхъæнынады рæзты» паддзахадон программæмæ. Федералон бюджетæй хъуамæ радих кæной 63 милуан сомы тарнизæй дзæбæх кæныны мадзæлттæн, 400 милуаны та – онкологон рынчынтæн æххуыс кæнынæн. Ацы мадзæлтты хъуамæ бацархайа республикон бюджет дæр.
Культурæйы кусæндæтты разамонджытæй æмæ специалисттæй хъæуты чи кусы æмæ цæры, уыдонæн сæ цæрæнуæтты æмæ коммуналон фиддонтæ паддзахад фæстæмæ раздахы. Хаст æрцыд уынаффæ, цæмæй, ахæм бар кæмæн ис, уыдоны номхыгъды уой музейты кусджытæ дæр.
Æрæджы Хицауады ивддзинæдтæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ цалдæр министрады æмæ комитеты сфидар кодтой сæ дарддæры архайды ног уагæвæрдтæ.




