27 июня 2014, 14:06
Уыд Хицауады радон æмбырд, амыдта йæ Такъоты Сергей. Боны фæткмæ рахастой 12 фарстайы
Ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады рæзты» паддзахадон программæмæ, стæй ветерантæн æмæ инвалидтæн цæрæнуæттæ дæттыны уынаффæмæ. Фидаргонд
Ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады рæзты» паддзахадон программæмæ, стæй ветерантæн æмæ инвалидтæн цæрæнуæттæ дæттыны уынаффæмæ. Фидаргонд æрцыд паддзахадон хæстæ æххæст кæнынæн товартæ æлхæныны æмæ лæггæдтæ æвзарыны хъуыддагмæ ведомствоты цæстдарды уагæвæрд. Адæмæн куыст ссарынæн æххуыс кæныны программæмæ хаст æрцыдысты уæлæмхасæн мадзæлттæ. Сфидар кодтой, йæхи хъуыддаг байгом кæнын кæй фæнды, уыцы адæмæн паддзахадон æххуысы уагæвæрд. Ахсджиаг ныхас ма уыд, Украинæйæ Ирыстонмæ чи æрбалыгъд, уыцы адæмы уавæрыл. Ныртæккæ сты 188, уыдонæй 84 -сывæллæттæ. Æрбынæттон сæ кодтой санаторий «Тæмисчъы» æмæ пансионат «Урсдон»-ы. Иудадзыгдæр сæ цуры сты фæллойы æмæ социалон рæзты министрады кусджытæ, кæнынц сын психологон æххуыс. Такъоты Сергей бахæс кодта министрадтæн æмæ ведомствотæн лыгъд адæмæн алывæрсыгæй баххуыс кæнын. Бæрнон разамонджытæ бæстонæй æрдзырдтой хъæугæ мадзæлттыл.
Хадыхъаты Азæмæт, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг: «Дзæбæх фадæттæ сын бацæттæ кодтам. Хæринаг ис, цæрæн бынæттæ ис. Телефонтæ дæр сæ бахъуыд, æмæ сын телефонты компанитæ баххуыс кодтой, бастдзинад лæвар скодтой. Бирæтæ дзурынц районтæй, цæмæй баххуыс кæнæм, зæгъгæ. Алы районы дæр ис социалон хъахъхъæнынады управлени, æмæ уым æппæт информаци райсæн ис лыгъд адæмæн баххуыс кæныны тыххæй».
темæмæ гæсгæ




