филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 четверг, 02 мая 2024
11 апреля 2013, 17:01
Уыд Хицауады радон æмбырд

Амыдта йæ Такъоты Сергей. Фидаргонд æрцыдысты, бынæттон администрацитæн республикон бюджетæй гранттæ дих кæныны домæнтæ æмæ уагæвæрд.

Уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей. Фидаргонд æрцыдысты, бынæттон администрацитæн республикон бюджетæй гранттæ дих кæныны домæнтæ æмæ уагæвæрд.

Уый хъуамæ разæнгард кæна муниципалон хицаудзинады ахадгæдæрæй архайынмæ. Хицауад ма æркаст цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдты æргъты стандарттæм. Ацы аз коммуналон фиддонтæ бинонты иумæйаг æфтиæгтæн сæ 21% фылдæр хъуамæ ма уой. Уымæй бæрзонддæр куы уой, уæд бинонтæ хъуамæ исой паддзахадон æххуыс. Ахæм куыст фæллойы æмæ социалон рæзты министрад кæны æрвылаз, æмæ, паддзахадон æххуыс чи исы, уыдоны нымæц фæкъаддæр, адæмы æфтиæгтæ фылдæр кæй кæнынц, уымæ гæсгæ. Ивддзинæдтæ хаст æрцыд, хъæуты чи кусы æмæ цæры, уыдоны цæрæн-коммуналон лæггæдтæн фидыны социалон æххуысы уагæвæрдмæ. Раздæр ахæм æххуыс истой ахуыргæнджытæ æмæ социалон кусджытæ. Сæ номхыгъдмæ ма бафтыдтой дохтырты æмæ ветеринарты. Хаст æрцыд уынаффæ ахуырадон-иртасæн куыстыты республикон конкурс «Æвзонг архивист» саразыны фæдыл.

Нинæ Чиплакова, РЦИ-Аланийы Архивон службæйы разамонæг: «Не скъоладзаутæн æмæ сæ ахуыргæнджытæн цæмæй нæ бон æххуыс кæнын уа, стæй, цæмæй наукон-иртасæн куыстыты æмбырдгонд нæ бон рауадзын уа, уый тыххæй рахастам хъæппæрис ахæм республикон конкурс саразыны тыххæй. Стæй ма нæ фæнды бацархайын, цæмæй уæлахиздзаутæн æнцондæр уа Историкон – архивон институтмæ бацæуын, афтæмæй нæ службæйæн цæттæ кæндзыстæм кусджыты дæр. Уый размæ нæ ахуырдзаутæ архайдтой æппæтуæрæсеон конкурсы, сæ куыстытæ райстой 6 дипломы. Уыдысты Терчы областы дины историйы æмæ историон-патриотон хъомылады тыххæй. Нæ архивтæ сты тынг хъæздыг æмæ архайæм, цæмæй фæсивæд тырной фылдæр базонынмæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania