филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:42 воскресенье, 14 декабря 2025
15 августа 2025, 11:08
Уыд организацион комитеты æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд Беслæны теракты 21 азы саударæн мадзæлттæм цæттæ кæныныл

Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой, 1-3-æм сентябры Беслæны скъолайы спортивон залы æмæ «Зæдты горæты» мадзæлтты пъланыл

Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимы разамындæй уыд организацион комитеты æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд Беслæны теракты 21 азы саударæн мадзæлттæм цæттæ кæныныл. Æмбырды архайдтой Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ, æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты, тыхы структурæты минæвæрттæ, Дзæуджыхъæуы æмæ Рахизфарсы районы администрацийы кусджытæ, стæй «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ. Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой, 1-3-æм сентябры Беслæны скъолайы спортивон залы æмæ «Зæдты горæты» мадзæлтты пъланыл. Гобеты Ибрагим куыд загъта, афтæмæй традицимæ гæсгæ æрæмбырд уыдзысты Цæгат Ирыстоны цæрджытæ, Уæрæсейы алы регионты æмæ фæсарæйнаг паддзахадты минæвæрттæ. Уымæ гæсгæ хъæуы объектты æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæнын. Æмбырды кæронбæттæн бæрнон кусджытæн радтой бæлвырд амынддзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania