филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:41 понедельник, 20 мая 2024
28 марта 2014, 11:03
Уыд Парламенты 20-м æмбырд. Амыдта йæ Алексей Мачнев. Боны фæткмæ бахастой 18 фарстайы

Фыццаг бакасты æрдзырдтой «Паддзахадон граждайнаг службæйы тыххæй республикон закъонмæ» ивддзинæдтæ бахæссыныл. Куыд нымайынц, афтæмæй уый студентты разæнгард кæндзæн

Уыд Парламенты 20-м æмбырд. Амыдта йæ Алексей Мачнев. Боны фæткмæ бахастой 18 фарстайы
Фыццаг бакасты æрдзырдтой «Паддзахадон граждайнаг службæйы тыххæй республикон закъонмæ» ивддзинæдтæ бахæссыныл. Куыд нымайынц, афтæмæй уый студентты разæнгард кæндзæн иттæг хорз ахуыр кæнынмæ, уымæн æмæ йын фадат дæтдзæн паддзахадон службæмæ бацæуынæн. Каст ма цыд куысты бынæтты квотæты тыххæй республикон закъонмæ. Хъуамæ йæм хаст æрцæуой ивддзинæдтæ, æмæ уыдонмæ гæсгæ 35 адæймагæй 100-йы онг кæм кусы, уыцы кусæндæтты инвалидтæн æмæ скъоладзаутæн хъуамæ лæвæрд цæуой куысты бынæттæн се 3%. Хицауад бахаста закъоны проект «Бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбоны бындурон цалцæгæн паддзахадон æххуысы тыххæй». Бæстон ныхас уыд мидхъуыддæгты министрады архайдыл 2013-м азы. Министры хæстæ æххæстгæнæг Бекмæрзты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй фыдракæндты нымæц фæкъаддæр. Республикæйы цæрджытæй райстой 49 мин хъусынгæнинаджы, 4 мины æмæ 420 адæймагыл сарæзтой уголовон хъуыддæгтæ. Депутаттæ сæ хъуыдытæ загътой, фылдæр æргом цы фарстатæм аздахын хъæуы, уыдоны тыххæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania