филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:25 четверг, 02 мая 2024
23 сентября 2022, 10:28
Уыд Парламенты 7-æм сконды фыццаг æмбырд

Депутаттæн сæ куысты райдианимæ арфæ ракодта республикæйы Сæргълæууæг

Уыд Парламенты 7-æм сконды фыццаг æмбырд. Депутаттæн сæ куысты райдианимæ арфæ ракодта республикæйы Сæргълæууæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ зæрдæ дары, ахадгæ æмгуыстадыл. Куыд загъта, афтæмæй адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн йæ кабинеты дуæрттæ депутаттæн æдзух сты гом. Сергей Меняйло фидарæй загъта, сæ иумæйаг хæс у республикæйы алы цæрæджы рæсугъд фидæнæн æппæт гæнæнтæ аразын. Æмбырды нысангонд æрцыди Парламенты ног сæрдар дæр. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Афтæ, Сергей Меняйло Парламенты ног æмбырдмæ фæсидт ахадгæ æмгуыстад кæнынмæ. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы ис хорз бындур кусынæн æмæ райрæзтæн – арæзт цæуынц дæсгай социалон объекттæ, рæзынц стыр проекттæ, ис федералон центры æххуыс. Иузæрдион уæвын уæлдай ахсджиаг у, ныртæккæ бæстæйы цы цаутæ цæуынц, уый хынцгæйæ.

Парламенты 7-æм сконды фыццаг æмбырды боны фæткы сæйрагдæр фарста – равзарын закъонадон оргæны сæрдары. «Иугонд Уæрæсе»-йы фракци бахаста Тускъаты Таймуразы кандидатурæ. Сусæг электрон хуызы хъæлæс кæныны хатдзæгтæм гæсгæ, йемæ сразы сты, æмбырды цы 66 депутатты уыдысты, уыдон иууылдæр.

Тускъаты Таймураз депутаттæн раарфæ кодта афтæ йыл кæй баууæндыдысты, уый фæдыл. Снысан кодта, Парламент куыд кусдзæн, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр хæстæй иу у – бюджет сфидар кæнын.

Тускъаты Таймуразмæ ис стыр фæлтæрддзинад политикон, æхсæнадон æмæ наукон архайды. Уыд Парламенты 4-æм сконды депутат, разамынд лæвæрдта ахсджиагдæр комитеттæй иуæн. Уыд Хицауады сæрдар. Фæстаг аз та лæууыд Хæххон паддзахадон аграрон университеты сæргъы.

Парламенты 7-æм сконды хыгъды ис 70 депутаты. Уыдонæй 51 сты «Иугонд Уæрæсе»-йæ, 10 – парти «Справедливая Россия – Патриоты – за правду»-йæ, 9 та – Уæрæсейы Федерацийы коммунистон партийæ. Æппæтæй хистæр депутатыл цæуы 70 азы, кæстæрыл та – 22. Фыццаг æмбырды равзæрстой кодтой секретариат æмæ парламентон къамистæ. Хæстæгдæр рæстæг снысан кæндзысты комитеттæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania