филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:49 суббота, 21 сентября 2024
02 октября 2014, 17:21
Уыд Парламенты Советы радон æмбырд

Цыппар азы æмæ æрдæгмæ сывæллонæн пособитæ. Уыцы федералон хъæппæрис абон хорзыл банымадтой Цæгат Ирыстоны Парламенты уæнгтæ.

74093
Цыппар азы æмæ æрдæгмæ сывæллонæн пособитæ. Уыцы федералон хъæппæрис абон хорзыл банымадтой Цæгат Ирыстоны Парламенты уæнгтæ.
Ныртæккæ ‘хца фидынц æрмæстдæр афæдз æмæ æрдæгмæ. Уыимæ ацы закъоны проекты автортæ бахастой фæндон, цæмæй ногдзинад æртæ кæнæ фылдæр сывæллоны кæм ис, ахæм бинонтыл парахат кæна, уый тыххæй. Цы закъоны проекты фарс ма рахæцыдысты, уый та баст у, Уæрæсейы национ хъæздыгады фонды фæрæзтæй пайда кæнынимæ. Паддзахадон Думæйы депутаттæ бахастой фæндон, Уæрæсейы ныхмæ санкцитыл чи сразы, уыцы бæстæты активтæ дарын мауал уадзыны тыххæй. Парламенты æмбырды ма æрныхас кодтой æндæр фарстатыл дæр. Зæгъæм, республикæйы скъолатæ хæринагæй ифтонг кæнын. Ацы фарстамæ йæ цæст дары Парламенты разамынд. Депутаттæ куыд зæгъынц, афтæмæй скъоладзауты хæринаджы хъуыддаг фæстаг рæстæг бирæ фæхуыздæр. Парламенты сæрдар Алексей Мачнев куыд загъта, афтæмæй ацы фарстайыл бæстон ныхас цæудзæн ноябры æмбырдтæй иуы. Æрбахондзысты йæм районты сæргълæуджыты, æмæ бæрнон ведомствæты минæвæртты.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania