филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:48 вторник, 16 декабря 2025
09 октября 2014, 17:26
Уыд Парламенты Советы радон æмбырд

Амыдта йæ йæ сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Боны фæткмæ рахастой 60 фарстайы.

Алагиры районы хæххон хъæуты цæрджыты нымæц кæй рæзы, адæм дзы сæхицæн цæрыны фадæттæ кæй аразынц, уымæ гæсгæ каст цыд закъоны проектмæ, цæмæй уыцы хъæутæ хаст æрцæуой административон-территориалон сконды номхыгъдмæ æмæ сын фадат уа разамынд дæттынæн.

74697
Уыд Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ йæ сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Боны фæткмæ рахастой 60 фарстайы.

Алагиры районы хæххон хъæуты цæрджыты нымæц кæй рæзы, адæм дзы сæхицæн цæрыны фадæттæ кæй аразынц, уымæ гæсгæ каст цыд закъоны проектмæ, цæмæй уыцы хъæутæ хаст æрцæуой административон-территориалон сконды номхыгъдмæ æмæ сын фадат уа разамынд дæттынæн. Уыимæ ис ахæмтæ дæр, æрмæст туризмæн æмæ фæллад уадзынæн кæмæй пайда кæнынц. Уыдон та хъуамæ хъæутыл нымад мауал уой.

Каст цыд закъоны проектмæ, цæмæй административон æгъдаухæлдтыты тыххæй Кодексмæ хаст æрцæуой ивддзинæдтæ, æмæ адæмы царыны уавæртæ хуыздæр хъахъхъæд цæуой. Уыцы ивддзинæдтæм гæсгæ, административон æфхæрд хъуамæ æййафой, æгъдаухалæн митæ куыд æхсæнадон бынæтты, афтæ бинонты ‘хсæн дæр чи кæны, уыдон. Хауынц сæм хъæрæй дзурын, уæлдайдæр та æнæуаг ныхæстæ, загъд кæнын.

Ныртæккæ фидæн азы бюджет кæй цæттæ кæнынц, уымæ гæсгæ каст цыд фарстаты къордмæ, цæмæй ивддзинæдтæ хаст æрцæуой хъалонты системæмæ. Хъуамæ сæм алы комитет дæр æркæса, цæмæй бюджетæн пайда æрхæссой.

Æргом æмæ бæстон ныхас уыд медицинон къабазы оптимизацийыл. Ныртæккæ æппæт медицинон кусæндæттæ сты æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады бæрны. Цæуы куыст, цæмæй рынчындæттæ æмæ поликлиникæтæ фылдæр пайда хæссой адæмæн æмæ сын хуыздæр лæггад кæной.

Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг: «Бирæ дæнцæгтæ æрхастой, æргом ныхас кодтам, дохтыртæн сæ куыст бынтон хорз кæй нæу, ууыл. Республикон арæндон ногæй æхгæнынмæ хъавынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын æхца нæ фаг кæны, сæ фарстатæ лыг кæнын сæ бон нæу. Дохтыртæ сæ куыстæй ацæуынвæнд скодтой. Министрад æркаст ацы фарстамæ, дохтыртæ рацæудзысты фæстæмæ кусынмæ, уымæн æмæ раст нæу ахæм кусæндæттæ æхгæнын».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania