10 июля 2014, 17:02
Уыд Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Алексей Мачнев
Каст цыд, Паддзахадон Думæйæ, стæй Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдонмæ. Æрдзырдтой Арæзтадон æмæ Административон æгъдаухæлдтыты тыххæй кодекстæм ивддзинæдтæ бахæссыныл.
Каст цыд, Паддзахадон Думæйæ, стæй Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдонмæ. Æрдзырдтой Арæзтадон æмæ Административон æгъдаухæлдтыты тыххæй кодекстæм ивддзинæдтæ бахæссыныл. Уыдонмæ гæсгæ, фæкарздæр уыдзæн хъусдард арæзтадон домæнтæ хъахъхъæнынмæ. Депутаттæ сразы сты Паддзахадон Думæмæ æмæ Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрадмæ курдиат арвитыныл, цæмæй паддзахадон æххуыс уа дыргъдæтты райрæзтæн, æмæ фылдæр кæной бынæттон дыргътæ. Ныхас цыд социалон фарстатыл дæр. «Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады тыххæй» федералон закъон куыд амоны, афтæмæй æнæниздзинадхъахъхъæнынады кусæндæттæн сæ фæрæзтæй сæ бон балхæнын у æрмæстдæр, 100 мин сомы онг кæмæн у йæ аргъ, ахæм кусæнгæрзтæ, æмæ уый къуылымпы кæны кусæндæтты рæзты хъуыддаг. Депутаттæ растыл банымадтой хъæппæрис, цæмæй закъон фæуæрæхдæр кæна медицинон кусджыты авналæнтæ. Ивддзинæдтæ ма хъуамæ хаст æрцæуой алименттæ фидыны тыххæй закъонмæ, цæмæй сывæллæтты бартæ хуыздæр хъахъхъæд уой.
Токаты Людмилæ, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары хæдивæг: «Уæрæсейы паддзахад тынг архайы сывæллæтты уавæр фæхуыздæр кæныныл. Мах зонæм бирæ ныййарджыты, кæцытæ сæ бинонты куы ныууадзынц, уæд сæ кой нал фæкæнынц. Мах цы закъоны проектмæ æркастыстæм, уымæ гæсгæ ныййарæг хъуамæ, сывæллонæн фæцæрынæн æппын къаддæр цас хъæуы, уыцы бæрцæн йе ‘рдæгæй къаддæр хъуамæ ма фида. Иннæ фарста дæр у ахсджиаг. Куыстмæ куы фæисынц адæймаджы, уæд контракты чысыл мызд ныффыссынц. Фæлæ тыхст рæстæг куы æрцæуы, уæд бафидынц, контракты фыст чи вæййы, уыцы æхца. Æмæ адæймаг тыхст уавæры куы уа, æмæ ма йын йе ‘хца æххæстæй куы нæ бафидой, уæд уый раст нæу».
темæмæ гæсгæ




