филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:36 среда, 17 декабря 2025
18 февраля 2013, 17:01
Уыд Парламенты цæрæн-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты комитеты радон æмбырд

Амыдта йæ комитеты сæрдар Гулаты Æхсарбег. Æмбырды архайдтой Хицауады сæрдары хæдивæг Габысаты Константин, стæй артаджы, энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег.

Уыд Парламенты цæрæн-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты комитеты радон æмбырд. Амыдта йæ комитеты сæрдар Гулаты Æхсарбег. Æмбырды архайдтой Хицауады сæрдары хæдивæг Габысаты Константин, стæй артаджы, энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег.

Фыццаджыдæр, æрдзырдтой коммуналон лæггæдты æргътыл. Афæдзы райдианæй иуæй-иутæ фæбæрзонддæр сты. Æмæ уыцы фарста тыхсын кæны адæмы. Республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы бардзырдмæ гæсгæ, Парламент, Хицауад æмæ хъармдæттæг куыстуæттæ иумæйагæй бацархайдтой æмæ æрцыдысты хатдзæгмæ, цæмæй афæдзы фыццаг æмбисы æргътæ баззайой, фарон куыд уыдысты, афтæ. Комитеты уæнгтæ ма æрдзырдтой цæрæнуæттæм зилæг куыстуæтты архайдыл, ног арæзт хæдзæрттæм фæндæгтæ скæныны æмæ æндæр фарстатыл. Комитет дарддæр дæр кусдзæн, цæмæй коммуналон фиддонтæ адæмæн æгæр зынаргъ ма кæной, ууыл.

Гулаты Æхсарбег, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæн-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар: «Абон нæм цы фарстатæ уыд коммуналон лæггæдты тыххæй, уый тыххæй мæ бон зæгъын у афтæ. Мæй рацыд, æм нæм Мамсыраты Таймураз фæдзырдта æмæ загъта, цæмæй æркæсæм ацы фарстамæ. Æмæ Хицауад дæр, стæй фарста кæмæдæриддæр хауы, уыдон, æрдзырдтам. Мах куыд дзырдтам, хабар афтæ рауад. Хъармдзинадæн йæ нормæ фылдæр скодтой, æмæ йæ аргъ дæр фæбæрзонддæр. Январæн ныридæгæн чи бафыста, уыдонæн сæ æхца ногæй банымайдзысты мæ фæстæмæ раздахдзысты. Доны хабар та у афтæ. Нормæ уыд 300 литры. Ныр та уыдзæн 250 литры. Æмæ адæм къаддæр фидын райдайдзысты».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania