14 февраля 2014, 11:10
Уыд Парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты æмбырд
Амыдта йæ йæ сæрдар Гулаты Æхсарбег. Каст цыд, МРСК-йы цæгатирыстойнаг хайад йæ инвестицион программæ куыд сæххæст кодта, уымæ. 2013-æм азы кусæн фæрæзтæ сцалцæг кæнынæн,
Амыдта йæ йæ сæрдар Гулаты Æхсарбег. Каст цыд, МРСК-йы цæгатирыстойнаг хайад йæ инвестицион программæ куыд сæххæст кодта, уымæ. 2013-æм азы кусæн фæрæзтæ сцалцæг кæнынæн, стæй сæ ногтæй баивынæн схардз кодтой 420 милуан сомæй фылдæр. Гулаты Æхсарбег куыд бафиппайдта, афтæмæй фæстаг 2-3 азы бирæ мадзæлттæ конд æрцыд энергетикæйы хæдзарадмæ базилынæн, уый фæрцы фæхуыздæр электрон тыхы хæрзхъæддзинад. МРСК-йы цæгатирыстойнаг хацады разамонæг Лолаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы сæфт электрон тыхы бæрæггæнæнтæ сты æппæтæй ныллæгдæр. Уыимæ ма депутаттæ æрдзырдтой лыггæнинаг фарстатыл. Чермены, Камбилеевкæйы æмæ поселок Южныйы электрон тыхы хæрзхъæддзинад у тынг ныллæг, æмæ хаст æрцыдысты ацы азы инвестицион программæмæ.
Гулаты Æхсарбег, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар: «Куыд кусæм, дарддæр дæр афтæ куы цæуы куыст, уæд фарстатæ лыггонд æрцæудзысты. Заводы поселочы бирæ фарстатæ уыд, æмæ сæ алыг кодтам, Горæты дæр афтæ, ног подстанцæ дзы конд æрцыд. Беслæны дæр ног подстанцæ скодтам, æмæ, ныртæккæ Беслæн цæйас у, уыйбæрц ма ноджыдæр йæ бон рæзын у. Южныйы дæр фарстатæ ис, æмæ сыл иумæ кусдзыстæм».
темæмæ гæсгæ




