филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:54 пятница, 03 мая 2024
10 апреля 2013, 17:36
Уыд республикæйы Хицауады æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рацарæзтæн æххуысгæнæг федералон фонды разамынды иумæйаг æмбырд

Æрдзырдтой дзы фонды фæрæзтæй пайда кæныны, бирæфатерон хæдзæрæттæ бындуронæй цалцæг кæныны æмæ адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ракæныны программæтæ дарддæр ахæццæ кæныны фарстатыл.

Уыд республикæйы Хицауады æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рацарæзтæн æххуысгæнæг федералон фонды разамынды иумæйаг æмбырд. Æрдзырдтой дзы фонды фæрæзтæй пайда кæныны, бирæфатерон хæдзæрæттæ бындуронæй цалцæг кæныны æмæ адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ракæныны программæтæ дарддæр ахæццæ кæныны фарстатыл.

Фонды сæргълæууæг Константин Цицин куыд загъта, афтæмæй 5 азы Цæгат Ирыстон æнтыстджынæй архайдта фонды фæрæзтæй, фæлæ фæстаг аз фæзындысты къуылымпыдзинæдтæ æмæ тæссаг у, программæтæ куы бауромой, уымæй. Куыстытæ æххæстæй нæма фесты Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районты. Артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй хæдзæртты бындурон цалцæджы къуылымпыдзинæдтæ нæй. Республикæйы Хицауады сæрдар Такъоты Сергей бадомдта бæрнон кусджытæй, цæмæй алчидæр йæ хæстæ афоныл сæххæст кæна. Ныхас ма цыд, фонды фæрæзтæй пайда кæныны фадæттæ кæй аивтой, ууыл дæр. Цæрджыты хай 5%-тæй схызт 15% онг, уый та æгæр бирæ у. Уый фæдыл федералон Хицауадмæ æрвыст цæуынц хъæугæ гæххæттытæ. Бакусын ма хъæудзæн цæрæнуæтты бындурон цалцæджы регионалон системæ саразыныл.

Нæкуысаты Барис, Кировы районы сæргълæууæг: «Кировы районы уыцы фæрæзтæй архайдтам 2008,-09, -10 æмæ -11-æм азты. 39 муниципалон хæдзары бындуронæй сцалцæг кодтам, 2 бирæфатерон хæдзары сарæзтам: 18-фатерон – Елхоты, 7-фатерон – Кæрдзыны, æдæппæтæй 1000 квадратон метры. Лыггæнинаг фарстатæ ма уæддæр ис, фæлæ фадæттæ аивтой. Æмбис хъуамæ нæхæдæг бахæссæм, æмбис та фонд дих кæндзæн, ног азы та ноджы фылдæр фидын хъæудзæн нæхи. Уый махæн зын у, æмæ ацы аз нал архайæм».
 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania