филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:00 вторник, 20 мая 2025
14 декабря 2015, 11:46
Уыд республикæйы хицауады цур ведомствæты æхсæн арæзт къамис

Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны пайдаджын æрзæтты куыстгæнæг оргæнизациты фарстатыл. Боны фæткмæ гæсгæ къамисы уæнгтæ байхъуыстой æрзæттæй пайдагæнæн кæмæй ис, уыдоны лицензиты тыххæй информацимæ. Æдæппæтæй сты 56. Ныхас цыд 2014-æм-2015-æм азы цас æрзæт скъахтой, ууыл дæр.

78202
Уыд республикæйы хицауады цур ведомствæты æхсæн арæзт къамис. Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны пайдаджын æрзæтты куыстгæнæг оргæнизациты фарстатыл. Боны фæткмæ гæсгæ къамисы уæнгтæ байхъуыстой æрзæттæй пайдагæнæн кæмæй ис, уыдоны лицензиты тыххæй информацимæ. Æдæппæтæй сты 56. Ныхас цыд 2014-æм-2015-æм азы цас æрзæт скъахтой, ууыл дæр. Фæстаг 10 мæйы цы бакуыстой, уымæн йæ пайда у 6 милуаны 856 мин 163 смы. Ацы нымæцтæ 2013-æм азимæ абаргæйæ сты зынгæ къаддæр. Къамисы æмбырды куыд бамбарын кодтой, афтæмæй хицæн организацитæ кусынц æнæ лицензийæ æмæ продукцийы аргъ афтæмæй у дыууæ хатты асламдæр. Уыимæ ма арзæтадон æмæ фæндæгтæ цалцæггæнæн компанитæ дæр æрзæттæй пайда кæнынц æнæ лицензийæ æмæ уыдон дæр хъалон нæ фидынц. Уавæр хынцгæйæ къамисы уæнгтæ сфидар кодтой сæрмагонд домæнтæ, ныр карздæр цæстдард цæудзæн ацы хъуыддагмæ. Хъуамæ арæзт æрцæуа закъоны проект дæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania