филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:11 вторник, 16 декабря 2025
09 апреля 2014, 17:01
Уыд сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны къамисы æмбырд

Абон уыд сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны къамисы æмбырд. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем. Фыццаджыдæр хатдзгтæ скодтой ивгъуыд азы архайдæн.

Уыд сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны къамисы æмбырд
Абон уыд сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны къамисы æмбырд. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем. Фыццаджыдæр хатдзгтæ скодтой ивгъуыд азы архайдæн. Дзуапп радтой æппæт районты минæвæрттæ. Æдæппæтæй æлхæд æрцыд 70 цæрæнуаты 76 адæймагæн. Уыимæ бацархайдтой, цæмæй иу бинонты сывæллæттæн фадат уа иумæ цæрынæн. Цæрæн бынат æлхæд æрцæуы, сидзæрты зæрдæмæ куы фæцæуы, æрмæстдæр уæд.

Челæхсаты Рустем хорзыл банымадта, бирæ сидзæртæн цæрæнуæттæ балхæнынæн сæ хæстæджытæ кæй баххуыс кодтой, уый. 2014-æм азы ацы ахсджиаг хæс сæххæст кæнынæн республикон бюджеты нысангонд сты 55 милуан сомы, федералон бюджетæй та хъуамæ радих кæной 23 милуаны бæрц. Ацы аз куыд фæнд кæнынц, афтæмæй хъуамæ æлхæд æрцæуа 68 цæрæнуаты 79 адæймагæн. Къамис иудадзыгдæр йæ хъус дары, номхыгъды чи ис, уыцы сидзæртæм, цæмæй сæ бартæ æххæстæй хъахъхъæд цæуой.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania