Федтой дзы Зæрæмæджы ГЭС – иу -ы арæзтадон фæз.
Куыстытæ сæ тæмæны æхсæвæй-бонæй. Зæрæмæг ГЭС-иуы арæзтадыл æрвылбон фæллой кæнынц 1200 адæймаджы. Проект æххæст кæнын райдыдтой нырма ивгъуыд æнусы 70-йæм азты, фæлæ уæд куыстытæн æрмæст сæ 5 проценты конд æрцыд. Ныр арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны.
Гидроэлекстростанцæйы арæзтад у, бирæ тыхтæ æмæ финанстæ чи домы, ахæм хъуыддаг. Æрмæст фарон «Русгидро»-йы инвестициты бæрц уыд 6 миллиарды æмæ 400 милуан сомы. Ацы аз уыцы нымæц срæздзæн 13 миллиарды æмæ 6 милуан сомы онг. Техникон æгъдауæй зын объекты сæрмагонд ‘ргом здæхт цæуы æдасдзинады фарстатæм. Ацы къабазы цавæр куыст æххæстгонд цæуы, уый тыххæй бынаты радзырдтой «РусГидройы» разамынды сæрдар Николай ШульгинОвæн æмæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн.
Николай Шульгинов æмæ Битарты Вячеслав бабæрæг кодтой 4 арæзтадон хайады. Ныртæккæ куыстытæн се 60% æххæстгонд сты, фæлæ нырма бирæ зындзинæдтæ ис.
Ацы проект республикæйæн стыр пайда æрхæсдзæн, загъта Битарты Вячеслав.
Фембæлды кæронбæттæны Николай ШульгинОв раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæгæн алывæрсыг æххуысы тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æрмæст ахæм æмархайдгæнгæйæ ис регионты стыр проекттæ царды уадзын.




