Арæзт æрцыд æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы хъæппæрисæй
«Мыггаг – нæ иудзинады фæндаг». Уыналы уыд ирон мыггæгты форум. Арæзт æрцыд æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы хъæппæрисæй. Æркастысты ахсджиаг фарстатæм, æрдзырдтой мыггæгты ныхасты архайды тыххæй. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ мадзал фыццаг хатт арæзт кæй æрцыд. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ирон мыггæгты фыццаг форум арæзт æрцыд Цæллагты мæсыджы комплексы. Ацы бынат хуымæтæджы æвзæрст не рцыд. Мыггаджы совет республикæйы фыццæгтæй иу Цæллагтæ сарæзтой – ивгъуыд æнусы 90-æм азты. Уæдæ сæ комплексы архайд дæр фæзминаг у. Ам кæнынц стыр хъомыладон куыст, архайынц фыдæлты æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл æмæ сæ парахат кæныныл.
Мыггаджы ныхастæ цы бынат ахсынц ирон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ культурæ хъахъхъæныны, фæсивæды хъомылады хъуыддаджы. «Иры Стыр Ныхас»-ы разамонæг Уататы Зелим форумы архайджытæм фæсидт, цæмæй фылдæр æргом аздахой, æхсæнады цы зианхæссæг фæзындтытæ ис, уыдонæй рæзгæ фæлтæры бахъахъхъæнынмæ, æнгомдзинадыл кусынмæ.
Абон республикæйы ис 2 мин 200 ирон мыггаджы бæрц. Уыдонæй советтæ ис æрмæст сæдæйæ чысыл фылдæрæн. Сæ архайд та æнæмæнг хъæугæ у. Форумаразджытæ сæ зæрдæ дарынц, мадзал иннæ мыггæгты минæвæртты дæр кæй сразæнгард кæндзæн ахæм советтæ саразынмæ. «Иры Стыр Ныхас»-ы сын цæттæ сты уыцы фарстайы хъæугæ æххуыс бакæнынмæ.
8 мыггаджы сæ ахадгæ куысты тыххæй хорзæхджынгонд æрцыдысты «Иры Стыр Ныхас»-ы кады гæххæттытæй. Форумы архайджытæ ма сæ къухфыстытæ ныууагътой сæрмагонд фæйнæгыл. Фыццаг ахæм къухфыст 2018-æм азы форум «Машук»-ы сæвæрдта бæстæйы президент Владимир Путин рагон мæсыджы дуарыл. Уый сси Цæллагты комплексы хай æмæ йæ сæйрагдæр хæзнатæй иу.




