09 января 2014, 11:11
Уырыссаг литературæйы классик Лев Толстойæн Дзæуджыхъæуы ацы аз байгом кæндзысты цыртдзæвæн
Фыссæг нæ горæты уыд 7 хатты. Йæ амæлæты размæ дæр æй фæндыд ардæм ссæуын, уый тыххæй радзырдтой йæ фæдонтæ. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Бедойты Викторы
Фыссæг нæ горæты уыд 7 хатты. Йæ амæлæты размæ дæр æй фæндыд ардæм ссæуын, уый тыххæй радзырдтой йæ фæдонтæ. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Бедойты Викторы бафæндыд йæ номыл цыртдзæвæн саразын. Мемориалон комплексы проект цæттæ у, мыггаджы фæндонмæ гæсгæ ма йæм бахæссын хъæуы цавæрдæр ивддзинæдтæ. Скульптурæйы бæрзæнд у 3 метры æмæ æрдæг. Фидæны цыртдзæвæныл ныхас цыд хъæппæрисджын къорды æмбырды, йæ хыгъды сты аразджытæ, нывгæджытæ, архитектортæ, æхсæнады архайджытæ. Мемориалон комплекс æвæрд æрцæудзæн Терчы былгæрон, Лев Толстойы уынг кæм райдайы, уым.
Бедойты Виктор, РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг: «Лев Толстой Ирыстон уæлдай уарзт кодта. Цалдæр хатты нæм уыд. Стæй йын стыр бастдзинад уын нæ бæстæимæ. Уый зонгæйæ, нæм фæзынд фæнд Дзæуджыхъæуы йын цыртдзæвæн сæвæрын. Фембæлдыстæм йæ мыггаджы минæвæрттимæ, аныхас кодтам семæ. Фенын сын кодтам проектмæ гæсгæ цыртдзæвæн кæм уыдзæн, уый дæр. Куыд фæнд кæнæм, афтæмæй уыдзæн йæ ном цы уынг хæссы, уым».
темæмæ гæсгæ




