филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:40 понедельник, 15 декабря 2025
27 декабря 2019, 15:40
Уырыссаг театры ссыгътой республикæйы сæргълæууæджы заз бæласы цырæгътæ

Æвзонг уазджытыл сæмбæлдысты аргъæутты хъайтартæ, Митын Дада æмæ Митын чызг

Уырыссаг театры ссыгътой республикæйы сæргълæууæджы заз бæласы цырæгътæ. Абоны уыди Ног азы агъоммæ традицион мадзал. Æвзонг уазджытыл сæмбæлдысты аргъæутты хъайтартæ, Митын Дада æмæ Митын чызг. Рæзгæ фæлтæр архайдтой конкурсты, зарыдысты Ног азы зарджытæ. Заз бæласы бын та сæм æнхъæлмæ кастысты лæвæрттæ Битарты Вячеславæй. Республикæйы Сæргълæууæг сын арфæ ракодта 2020-æм азы фæдыл. Бæрæгбон бабæрæг кодтой сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæ æмæ æфсæддонты сабитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania