филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:54 среда, 18 сентября 2024
04 сентября 2024, 12:11
Вахтанговы хæдзары арт-кафейы арæзт æрцыд Джыбызты Оскæры номыл театралон мадзал

Кæд 33 азы йеддæм нæ фæцард, уæддæр ныууагъта ирд фæд

Дзæуджыхъæуы Вахтанговы хæдзары арт-кафейы арæзт æрцыд Джыбызты Оскæры номыл театралон мадзал. Кæд 33 азы йеддæм нæ фæцард, уæддæр ныууагъта ирд фæд. Зæрдæхæлар æмæ адæмуарзон Оскæр фæндаг ссардта чиныгкæсджыты зæрдæтæм. Йæ ирд курдиаты тыххæй дзырдтой номарæн изæр архайджытæ. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Вахтанговы хæдзары арт-кафейы уазджытæ æнхъæлмæ кæсынц, Джыбызты Оскары сфæлдыстадæй сæ цы хуызы фæхайджын кæндзысты, уый базонынмæ. Æмæ  хуымæтæджы нæ. Зын баууæндæн уыд Оскары æмдзæвгæтæ, фыстытæ  дзыллæтæм хи ныхæстæй фæхæццæ кæндзысты, ууыл.  Фæлæ зæрдæйæ конд цы цæуа, уымæн адæмы уды æнæ æрбынæттон уæвæн нæй.

Джыбызты Оскары сурæт йæхиуыл сбарста Цæгат Ирыстоны адæмон артист Битарты Алыксандр. Фæрсæй кæсæг, иу уысм дæр нæ расагъæс кодта йæ цуры Оскар кæй нæй , ууыл. Битары фырты хъазт уыд  æцæгдзинадæй æххæст.

Оскары цард  ацы хуызы адæмы размæ рахæссыны фæндон фæзынд дыгурон æвзаг, фыдæлты æгъдæуттæ,  фарн дарддæр хæссыныл чи кусы, уыцы Дзекъоты Юрий æмæ Тахъазты Валеримæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ сценарийы хъæздыгдзинад кæй уыд йæ стилистикæ. Оскары цард æмæ адæмы цурмæ хаст æрцыд, зард, кафт, æмдзæвгæты хуызы. Режиссер Хъараты Аланæ æмæ зындгонд композитор Махъоты Ацæмæз бацархайдтой æппæт сурæтты аивдзинадыл дæр.

Мадзал ацыд, иу суылæфтау. Йæ алы уæнг дæр, раст сценарий куыд уыд, афтæ  иу бинонтау æмбæрстой кæрæдзийы. Кæд театралон мадзалы архайджыты фылдæр хай уыдысты æрыгон артисттæ, уæддæр сæ удтæ банкъардтой Оскары фыстыты рæнхъыты астæу цы хъуыды уыд, уый дæр ма. Уымæ гæсгæ  та сын бантыст сахуыр  кæнын, йæ зын бахъуыды кæнæн фыстытæ.

Вахтанговы хæдзары байгом Ирыстоны, дзыллæтæн цы бирæ хъуыддæгтæ балæвар кодта, уыдоны астæу стыр бынат бацахста æмдзæвагæтæ театралон хуызы адæммæ хæццæ кæныны мадзал. Уыцы хъуыддагыл уæлдай цин бакодтой, Оскары мысæн мадзалмæ Ирыстоны уазджытæй чи æрбацыд, уыдон. Хидирты Валерий йæ бинойнаг Светланæимæ Хабаровскæй, йæ райгурæн бæстæмæ æрцæуы алы аз дæр, фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй ахæм циндзинадыл та никуы ма сæмбæлдысты.

Уæвгæ, канд Валерий æмæ Светланæ нæ, фæлæ «Оскар.На задворках моей души»- мæ чидæриддæр бакаст, уыдон  разыйæ баззадысты цардмæ йæ чи рахаста, уыдонæй. Спектаклы фæстæ алкæйы бон дæр уыд йæ хъуыды раргом кæнын æмæ Оскары æрымысын. Равдыст арæзт æрцыд хуынды гæххæтмæ гæсгæ. Театрдзауты хсæн уыдысты куыд сфæлдыстадон кусджытæ, афтæ алы дæсныйæдтыл хæст адæм дæр. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ се ппæт дæр лæварæн кæй райстой, Боллоты Таймуразы фæрцы рухс цы чиныг федта, Тахъазты Федары фыст Дыгурон æвзаджы хæдахуыргæнæн чиныг.

Мадзал саразджыты ныхстæм гæсгæ ацы хъуыддагæй канд Оскары ном не ссардтой, фæлæ ма дзыллæттæм фæхæццæ кодтой мадæлон æвзаджы фарн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania