28 февраля 2023, 11:18
Веселæйы хъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг се мхъæуккаг Годжиаты Аланæн
Фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы
Мæздæджы районы Веселæйы хъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг се мхъæуккаг Годжиаты Аланæн. Фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Йæ цардæй ахицæн хъæбатырæй фарон 24-æм апрелы. 26-æм апрелы та йыл хъуамæ сæххæст уыдаид 38 азы. Номарæн митингы архайдтой бынæттон скъолайы кадеттæ, «Хæстон æфсымæрады» æмæ ветеранты советы уæнгтæ, хицауады оргæнты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. «Мах куы нæ, уæд чи?». Ахæм уыд Годжиаты Аланы царды девиз. Уымæ гæсгæ сси æфсæддон дæр. Архайдта алыхуызон хæстон цауты, хорзæхгонд уыд Хъæбатырдзинады 3 орденæй. Ныфсхаст хæстоны ном æрхъуыды кодтой, минут æдзæмæй алæугæйæ. Мемориалон фæйнæджы цур сæвæрдтой дидинджытæ.
темæмæ гæсгæ




