филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
08 июня 2021, 14:29
Ветеран Калоты Æхсарбеджы рагон бæллиц сæххæст кодтой æппæтуæрæсеон проект «Мечтай со мной»-ы саразджытæ

Хæствæллад хистæр бирæ азты нæ федта йæ хистæр чызджы

Уæвгæ, кинонывы аккаг историтæ бирæ. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм нæ дарддæры æрмæджы хъайтары – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Калоты Æхсарбеджы. Йæ рагон бæллиц ын сæххæст кодтой æппæтуæрæсеон проект «Мечтай со мной»-ы саразджытæ. Хæствæллад хистæр бирæ азты нæ федта йæ хистæр чызджы. Уымæн æмæ цæры иннæ горæты. Ныр та, акцийы фæрцы йемæ сбæрæг кодта йæ 96 азы бон. Куыд рауад сæ фембæлд, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Ацы дзырдмæ йæ хистæр чызгæй Калоты Æхсарбег æнхъæлмæ касти фæстаг 15 азы. Йæхиуыл бавзæрста хæсты уæззау уаргъ, фæци цалдæр уæззау цæфы, æмæ йæм уыдон нымады дæр не сты, фæлæ ныр йæ цæссыг бауромын йæ бон нæ бацис. Йæ уымæл цæстытæ архæйдта кæсæнцæстыты бын бамбæхсыныл. Фæлæ йын уæддæр нæ рауади. Бафиппайдта йын сæ. Ныр сын сæ райгуырæн Мызуры кæрæдзийæн зæрдæбын ныхæстæ фæкæнынæн уыдзæни æнæхъæн мæй.

Ацы истори у кинонывы сценарийы хуызæн. Чызджы мад у йæ фыццаг бинойнаг. Схъомыл ис, смой кодта æмæ ацыди Ирыстонæй. Ныр 53 азы цæры дард Владивостокы. Йæ бинонтимæ бастдзинад никуы сæфта, фæлæ йын иу ссæуын арæх не нтысти. Фæстаг хатт ам уыди 2006-æм азы. Æмæ та ныр ногæй йæ райгуырæн зæххыл. Фыццаг минуттæй дæр Æхсарбегæн йе нкъарæнтæ бамбæхсын йæ бон нæ баци, йæ зæрдæ суынгæг. Ацы хатт Лидийæ йæ фыдмæ иунæгæй не ссыди, базонгæ йæ кодта 14 аздзыд Даниилимæ. Уый та у Æхсарбеджы фæдонты æртыккаг фæлтæр.

Калоты Æхсарбег ацы фембæлдмæ æнхъæлмæ касти цымыдисæй. Райсомæй йæ уæлæ скодта йæ хæрзиуджытимæ уæлæдарæс. Æппæтæй зынаргъдæр хæрзиуæг ын у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты орден. Фронтмæ ацыди 42-æм азы, уæд ыл 17 азы дæр нæма цыди. Йæ фыццаг тох уыди Мæздæджы бынмæ. Мысанæхсæн дивизийы хыгъды уæгъд кодта Ростов æмæ Украинæ. Цыди разведкæйы командæ кодта хайадæн, фæци уæззау цæф. Демобилизаци скодта хæсты фæстæ. Бирæ азты энергетикæй фæкуыста Садоны зды æмæ цинчы комбинаты. Схъомыл кодта 5 сывæллоны. Сæ хистæр Лидия.

Йæ фыдимæ фембæлыны тыххæй Лидийæ фæтахти 9 сахаты Владивостокæй Мæскуымæ, уый фæстæ та ма 2 сахаты Ирыстонмæ. Йæ зæрдæйы цы æнкъарæнтæ уыди, уыдон ын зын æмбæхсæн уыдысты, аэропорты йыл йæ хо Ленæ куы сæмбæлд, уæд.

Æрхъуыды кодта Мызуры хæхтæ, йæ хæдзары къæсæрыл лæугæйæ йæм æнхъæлмæ касти æппæтæй уарзондæр æмæ хæстæгдæр адæймаг.

Йæ райгуырæн зæххыл æй æмбаргæ дæр нæ бакодта, ирон æвзагмæ куыд рахызтис, уый.

Калоты Лидия æгæрон бузныг у, йæ фыдимæ сын сæ бæллиц чи сæххæст кодта, уыдонæй. Ахæм лæвар ветеран райста акци «Уæлахиздзауты бæллицтæ» æххæстгæнгæйæ. Акци цæуы æппæтуæрæсеон проект «Мечтай со мной»-ы фæлгæты. Царды йæ æххæст кæнынц 2-аг аз.

Цалдæр боны фæстæ Калоты Æхсарбегыл æххæст кæны 96 азы. Лидияйыл та сентябры 74 азы. Фыд æмæ чызг. Кæрæдзийæ сæ цины цæссыгтæ æмбæхсгæйæ сæ зæрдæйы æнкъарæнтæн кæрон нæй. Хоты, æфсымæрты, сæ цоты æмæ уыдоны цоты хсæн… Цыма уа, уымæй хуыздæр. Ацы бинонты сæйрагдæр бæллиц сæххæст кодтой зæрдæхæлдар адæм. Бинонты хсæн 7 мин км фæхæстæгдæр кодтой. Уымæн æмæ бæллицтæ хъуамæ æнæмæнгæй æххæст кæной.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania