филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:08 воскресенье, 19 мая 2024
14 июня 2023, 11:43
Ветерантæ Валентина Баулина æмæ Цалиты Сафарбийы схорзæхджын кодтой Прохоровскы тохы 80 азы боны кадæн майдантæй

Хæрзиуджытæ сын сæ хæстæджытæн радтой ветеранты Советы сæрдар Фриаты Хъазыбег, стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министрады минæвæрттæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ Валентина Баулина æмæ Цалиты Сафарбийы схорзæхджын кодтой, 1943-æм азы 12-æм июлы Прохоровскы тохы 80 азы боны кадæн майдантæй. Хæрзиуджытæ сын сæ хæстæджытæн радтой ветеранты Советы сæрдар Фриаты Хъазыбег, стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министрады минæвæрттæ.  Хъæбатыртæн сæхицæн, се нæниздзинадмæ гæсгæ, мадзалы архайыны фадат нæ фæци. Ветерантæн министрадæй арвыстой лæвæрттæ дæр. Ацы аз бæрæггонд цæудзæн Курскы тохы 80-ай азы бон. Уый уыди, знаджы ныхмæ тох кæныны дуджы кæронбæттæн къæпхæн. Уыцы хæсты сæйрагдæр цаутæй иу уыди Прохоровскы быдыры танкты тох. Советон æфсæддонты хъæбатырдзинады номарæн майдан снысан кодтой Белгороды облæсты. Ныртæккæ ма Цæгат Ирыстоны цæрынц Курскы тохы архайджытæй дыууæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania