филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:20 воскресенье, 29 сентября 2024
19 марта 2020, 18:15
Ветерантыл аудгæйæ, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ уазæгуаты цæуынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæм

Ветерантыл аудгæйæ, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ уазæгуаты цæуынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæм. Семæ кæнынц бæстон ныхас, æмæ сын хъусынц сæ мысинæгтæм.

Владимир Пруссаков йæ уазджытыл сæмбæлд бæрæгбонарæзтæй, йæ риуыл та йæ хæстон майдантæ тæмæнтæ калдтой. Фыдыбæстæйы стыр хæсты архайæг Владимир Пруссаковы фæндаг райдыдта Мæскуыйы облæстæй æмæ йын ахæццæ суанг Берлинмæ. Архайдта Курскы, хæцыдис Белорусси æмæ Польшæйы сæрибардзинадыл, 1945 азы та Германы цæдисон æфсæдтимæ ацыдис уæлахизы маршы. Владимир у æртыккаг фæлтæры хæстон. Йæ цард снывонд кодта йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынæн. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ æмæ Ирыстойнаг районы социалон лæггæдты центры специалисттæ йын радтой йæ юбилейон хæрзиуджытæ æмæ бафарстой, ветеран куыд цæры, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania