филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:25 суббота, 31 января 2026
20 июля 2022, 10:52
Виртуалон технологитæй пайда кæнгæйæ уроктæ арæзт цæуынц Уæрæсейы 40 регионы

Ныр уыцы фæлтæрддзинад бахæццæ Цæгат Ирыстонмæ дæр

Виртуалон технологитæй пайда кæнгæйæ уроктæ арæзт цæуынц Уæрæсейы 40 регионы. Ныр уыцы фæлтæрддзинад бахæццæ Цæгат Ирыстонмæ дæр. Цардархайды бындурты уроктыл бакуыстой уæрæсейаг ахуыргæндтæ. Фыццаг фæлтæрæнтæ ацыдысты нымæцон ахуырады центр «IT-куб»-ы. Проект рауад æнтыстджын, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Джыбызты Зæринæ.

Виртуалон дуне æвдисæг кæсæнцæстытæй афæлгæсгæйæ, фæсивæды раз экстремалон ныв. Интерактивон сценарий скъоладзаутæн фадат дæтты ног уавæрты фестынæн. Хуымæтæг царды хъуамæ ма уой, фæлæ сæм цæттæ уæвын та хъæуы. Цардархайды бындурты цымыдисаг урок арæзт æрцыд нымæцон ахуырады центр «IT-куб»-ы.

Интерактивон урокыл бакуыстой уæрæсейаг ахуыргæндтæ. Стандартон ахуырадон процессы бæсты уроктæ цæуынц хъазты хуызы. Виртуалон дуне та сын фадат дæтты алы уавæрты сæхи бафæлварынæн. Бæлвырд амынддзинæдтæ сын кæнынц сæ педагогтæ.

IT-кубы хъомылгæнинæгтæн ахæм уроктæ сты тынг цымыдисаг. Иуæй базонынц, 3D моделирование кæй хонынц, уый бындуртæ, стæй бакусынц хуымæтæг программæтыл. Афтæмæй ацыдысты тестытæ æмæ ма базыдтой, проект аразгæйæ цавæр техникæтæй æмæ механикæтæй спайда кодтой, уый дæр.

Виртуалон дунейы интерактивон сценаритæй ныридæгæн пайда кæнынц Уæрæсейы 40 регионы ахуырадон процессы. Æмæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania