филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:52 среда, 17 декабря 2025
06 февраля 2018, 12:26
Владикавказскийы уынджы 30-æм хæдзары фыццæгæм корпусы цæрджытæ ныр бирæ рæстæг тыхсынц сæ уавæртæй

Пъадвалы дон æмбырд кæны, æмæ уый æвзæрырдæм ахады фатертыл. Хæдзар раздæр уыд æмдзæрæн. Йæ инженерон хызтæ нал бæззынц, бæстыхай у бындуронæй цалцæггæнинаг.

Владикавказскийы уынджы 30-æм хæдзары фыццæгæм корпусы цæрджытæ ныр бирæ рæстæг тыхсынц сæ уавæртæй
Владикавказскийы уынджы 30-æм хæдзары фыццæгæм корпусы цæрджытæ ныр бирæ рæстæг тыхсынц сæ уавæртæй. Пъадвалы дон æмбырд кæны, æмæ уый æвзæрырдæм ахады фатертыл. Хæдзар раздæр уыд æмдзæрæн. Йæ инженерон хызтæ нал бæззынц, бæстыхай у бындуронæй цалцæггæнинаг. Адæм хъаст кæнынц, курдиæттæ æрвыстой алыхуызон куыстуæттæм, фæлæ уавæр нæ ивы. Дзуапдæттæг организациты дæр æмбарын кæнынц, ацы хъуыддагæн ис бæлвырд аххосæгтæ. Цавæртæ, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ахæм антисанитарон уавæрты цæрынц æрмæст Тедеты Иринæйы бинонтæ нæ. Владикавказскийы уынджы 30/1-ы раздæры æмдзæрæны цæры 500 адæймаджы онг. Æмæ алы фатеры дæр – уымæл æрдæгпырх хъуына къултæ, стæй æвзæр тæф.
Æвзæр тæф цæуы, пъадвалы цы дон æмбырд кæны, уымæй. Уырдæм кæлы канализацийæ. Инженерон хызтæ хъæуы се ‘ппæт дæр баивын. Уæдæ хæдзар дæр у бындурон цалцæггæнинаг.
Сæ хъаст адæм бахастой Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комитетмæ. Уым æмбарын кæнынц, цæрджытæ техникон лæггадæн æмæ бындурон цалцæгæн нæ фидынц. Фарон регионалон операторы фæрæзтæй æххæстæй баивтой хæдзары сæр. Фæлæ уый фæстæ дæр фиддонтæ æмбырд кæныны хъуыддаг нæ фæхуыздæр. Абон фидынц æрмæст 10%-ы, зæгъынц разамынддæттæг управленийы.
Æхца уæддæр æрæмбырд кодтой. 70 мин сомы. Фæлæ уайтагъд адæм бадомдтой, цæмæй сын сæ фæстæмæ радтой, уымæн æмæ хæдзары уавæр нæ хуыздæр кодта. Афтæмæй цæрджытæн сæ фæрæзтæ байуæрзтой, разамынддæттæг управлени та нал сразы хæдзар лæггад кæныныл.
Уæвгæ, коммуналон лæггæдтæн фидыны фарста зæрдæмæдзæугæ нæу æппæт республикæйы дæр. Ацы фиддоны бæрæггæнæн 40%-мæ дæр нæ хæццæ кæны. Фæлæ уæддæр ныфс ис, адæм сæ хæстæ фидын кæй райдайдзысты, дзуапдæттæг организацитæ та сæ хæстæ æххæст кæнын. Æнæ уымæй уавæр нæ фæхуыздæр уыдзæн.

Хъайтмазты Дзерассæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania