филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
27 апреля 2020, 17:32
Владикавказскийы уынджы æмдзæрæны цæрджытæ тыхсынц сæ хæдзар заууатмæ кæй æрцыди, уымæй

Бæстыхайы алы уæладзыджы дæр зынынц уымæлы фæдтæ

Владикавказскийы уынджы æмдзæрæны цæрджытæ ныр бирæ азты тыхсынц сæ царды уавæртæй. Бæлвырддæр та – хæдзар заууатмæ кæй æрцыди, уымæй. Бæстыхайы алы уæладзыджы дæр зынынц уымæлы фæдтæ. Пъадвал донæй цух никуы вæййы. Уымæ гæсгæ кæрты кæны æнæзæрдæмæдзæугæ тæф. Хæдзарæн социалон лæггæдтæ цы компани хъуамæ кæна, уымæн дæр йæ бон ницы у, уымæн æмæ дзы хъæуы стыр фæрæзтæ бавæрын.

Владикавказскийы уынджы æмдзæрæны цæрджытæ йæ зонынц æххуыс кæмæй курын хъæуы, уый. Бирæуæладзыгон хæдзар ам ис 80-йæм азтæй нырмæ. Иуæй бирæ æмгъуыд дæр нæу, фæлæ дзы цæрынæн уавæртæ нæй уый иу, иннæмæй та   адæймагæн у тæссаг дæр.

Алы уæладзыджы дæр зынынц уымæлы фæдтæ. Æнæзæрдæмæдзæугæ тæф адæймаг æнкъары æнæхъæн кæртыл. Уæдæ пъадвалмæ дуар байгом кæнгæйæ та уавæр

 бынтон æдзæллаг. Донæй дзы æрлæууæн нæй. Дон хæтæлтæй цæуы æнæрлæугæйæ. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ ахæм уавæры сты афæдзгай. Хъуыддаг сраст кæнын сæхи хъарутæй сæ бон нæу. Уымæн æмæ иу фарста алыг кæнынц, æмæ дзы иннæ фæзыны.

Раздæр ацы æмдзæрæнæн дзуапп цы разамынддæттæг компанитæ лæвæрдтой, уыдон дæр сæ ныр сæхи бар ныууагътой. Уымæн æмæ лæггæдтæн нæ фидынц. Фæлæ адæмы ныхæстæм гæсгæ рухсæн æмæ газæн фыстой æнæкъуылымпыйæ. Хæдзары социалон лæггæдтæ чи æххæст кодта, уыдон уымæй размæ дæр сæ хæстæ нал æххæст кодтой, æмæ уымæ гæсгæ, адæм дæр нал фыстой.

Фароны сентябрæй фæстæмæ æмдзæрæн рæстæгмæ радтой æндæр разамынддæттæг компанийæн.  Йæ генералон директоры ныхæстæм гæсгæ куыстуат иу курдиат дæр æнæрхъуыдыйæ нæ ныууадзы. Фæлæ коммуникацитæ æххæстæй аивын дæр сæ бон нæу. Уымæн æмæ дзы хъæуы бирæ фæрæзтæ.

Уавæр сраст кæнынæн ис æрæмстдæр иу хос. Æхца æрæмбырд кæнын æмæ специалисттæ баххуырсын, зæгъынц хæдзары цæрджытæ. Фæлæ æмдзæрæны  фылдæры цæрынц æххуырст фатеры чи цæры, ахæмтæ. Уый хынцгæйæ, зын зæгъæн у, хæстæгдæр рæстæг цалцæггæнæн куыстытæ скæнын сæ къуыхы бафтдзæни, æви нæ, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania