филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
19 мая 2020, 17:28
Владимир Путин æрæджы йæ раныхасы зæрдæ бавæрдта, адæмæн баххуыс кæныны бæлвырд нысанты æххæстгонд кæй æрцæудзысты, уымæй

Бæлвырддæр та – 5 мин сомы алы сывæллонæн дæр, 3 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæн

Адæмæн баххуыс кæныны ног мадзæлттæ. Владимир Путин æрæджы йæ раныхасы зæрдæ бавæрдта, пандемийæйы рæстæг адæмæн баххуыс кæныны бæлвырд нысанты æххæстгонд кæй æрцæудзысты, уымæй.  Бæлвырддæр та – 5 мин сомы алы сывæллонæн дæр, 3 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæн. Стæй, уыцы-иу лæвæрд цæудзысты, 3 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн  10-гай мин сомтæ. Фиддонтæ дæттын райдайдзысты июнæй фæстæмæ.

5 мин сомы алы сывæллонæн дæр, 3 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæн. Æртæ сывæллоны мад Саулохты Иринæ куыддæр æххуысы тыххæй базыдта, афтæмæй бацæттæ кодта хъæугæ документтæ.

Ацы азы фыццæгæм июнæй фæстæмæ уыцы-иу лæвæрд кæнынц 10-гай мин сомтæ. Закъонмæ гæсгæ сæ исчдзысты 3 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ. Фиддонтæ æххæст кæны УФ-йы пенсион фонд.

Чъерджиаты Заремæ курдиат балæвæрдта дæрддзæфмæ. Сайтмæ бирæ информаци кæй цæуы, уый тыххæй æххæстæй йæ бон кусын нæу. Фыццаг рæстæг æййæфта техникон къуылымпыдзинæдтæ. Фæлæ цыбыр рæстæджы фæстæ сайты куыст снывыл. Заремæ йæ курдиат баххæст кодта æмæ йын æй райстой. 

Фыццаг домæн – сывæллон хъуамæ уа Уæрæсейы гражданин. Фиддонтæ дæттын райдайдзысты июнæй фæстæмæ. Хъалон сæ ист нæ цæудзæни.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania