Документмæ гæсгæ ивддзинæдтæ хаст æрцæудзысты хицауадты хсæн æмгуыстады бадзырдмæ
Владимир Путин бафыста протокол Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн товарты зилдухы тыххæй. Документмæ гæсгæ ивддзинæдтæ хаст æрцæудзысты хицауадты хсæн æмгуыстады бадзырдмæ. Баст у базарадимæ. Документ мыхуыргонд æрцыд барадон информацийы тыххæй официалон интернет-порталы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æмгуыстады бадзырдмæ гæсгæ бæстон цæстдард цæуы дыууæ паддзахады хсæн товарты зилдухмæ, уыимæ æнæ хъалонтæй. Бадзырд фыст æрцыд 2012-æм азы 2-æм мартъийы, йæ протокол та 6-æм майы 2019-æм азы Цхинвалы, Уæрæсейы хицауады бардзырдмæ гæсгæ. Афтæ Уæрæсейы территорийæ Хуссар Ирыстонмæ цы артаг, бензин æмæ битум ласынц, уыдонæн таможняйы рæстæгмæ деклараци кæнын нæ хъæудзæн. Уыимæ закъонмæ уæлæмхасæн документты фыст ис, ацы ногдзинад æрдзон газмæ кæй нæ хауы, уый.




