филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:26 воскресенье, 29 сентября 2024
03 февраля 2020, 18:07
Владимир Путин йæ бардзырдæй сфидар кодта номарæн хæрзиуæг

Абон дзы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 7 архайæджы

Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ бардзырдæй сфидар кодта номарæн хæрзиуæг. Абон дзы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 7 архайæджы, уыдон сты – Гулуты Хизир, Василий Коротаев, Валентин Майоров, Магкæты Исрафил, Мамсыраты Ислам, Пагæты Алыксандр, Арутюн Хачикян. 9-æм маймæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æппæт ветерантæ, фронты фæсчъылдым архайджытæ, стæй концлагеры зындзинæдтæ æнæхъомæй чи бавзæрста, уыдон се ппæт дæр  хорзæхгонд цæудзысты Уæлахизы 75 азы кады майданæй. Нæ республикæйы йæ райсдзысты 4 мин 700 адæймаджы. Битарты Вячеслав хæствæллад салдæттæн раарфæ кодта, æмæ сын йæ зæрдæ загъта æнæниздзинад, фидар удыхъæд, фæнысан кодта Уæлахизмæ стыр æвæрæн кæй бахастой, уыцы рæстæджы алы адæймаг дæр. Уа тохы быдыры æви фронты фæсчъылдымы архайæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania