филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:10 понедельник, 06 мая 2024
23 июля 2019, 17:00
Владимир Путин Уæрæсейы культурæйы министр Владимир Мединскийæн æмæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн бабар кодта 1-æгæм декабрьмæ бацæттæ кæнын бæлвырд хъуыдытæ

Дзæуджыхъæуы кинотеатр «Комсомолец»-ы фидæны тыххæй.

Владимир Путин Уæрæсейы культурæйы министр Владимир Мединскийæн æмæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн бабар кодта 1-æгæм декабрьмæ бацæттæ кæнын бæлвырд хъуыдытæ Дзæуджыхъæуы кинотеатр «Комсомолец»-ы фидæны тыххæй.
Нæ бæстæйы президент амындзинæдтæ радта хæдбар регионалон æмæ бынæттон дзыллон информацион фæрæзты 6-æм медиафорум «Правда и справедливость»-ы. Уыди ацы аз 16-æм майы. Æппæтуæрæсеон Адæмон фронты медиафорумы цæгатирыстойнаг журналист Къæбысты Аннæ фехъусын кодта лыггæнинаг фарстайы тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй кинотеатр «Комсомолец» нымад у федералон нысаниуæгимæ цыртдзæвæныл, фæлæ йæ уавæр у зæрдæхсаинаг. Бæстыхай æрцыд заууатмæ, йæ сæр ныккалди. Уымæй дарддæр радзырдта кинохроникæйы студийы тыххæй. Уый дæр ис ахæм æдзæллаг уавæры. Уымæ гæсгæ фæсивæдæн фадат нæй кино исыны хъуыддаджы архайынæн. Уæд Владимир Путин ныфс бавæрдта, фарстайыл кæй аныхас кæндзæн Уæрæсейы культурæйы министр Владимир Мединскийымæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania