04 февраля 2014, 17:30
Владимир Путины Указмæ гæсгæ кады гæххæттæй хорзæхгонд æрцыд нæ республикæйы Грекъаг-римаг хъæбысхæстæй сывæллæтты спортивон скъолайы сæйраг тренер Уырыймæгты Владимир
Ахæм кады аккаг фæци, физкультурæйы райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, стæй фарон Хъазаны 27 æппæтдунеон сæрдыгон универсиадæйы бæрзонд спортивон сгуыхтдзинæдтæ кæй равдыста, уымæ гæсгæ.
Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ кады гæххæттæй хорзæхгонд æрцыд нæ республикæйы Грекъаг-римаг хъæбысхæстæй сывæллæтты спортивон скъолайы сæйраг тренер Уырыймæгты Владимир.
Ахæм кады аккаг фæци, физкультурæйы райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, стæй фарон Хъазаны 27 æппæтдунеон сæрдыгон универсиадæйы бæрзонд спортивон сгуыхтдзинæдтæ кæй равдыста, уымæ гæсгæ. Уырыймæгты Владимир схъомыл кодта бирæ спортсменты, се хсæн олимпаг чемпион Бæройты Хасан дæр.
темæмæ гæсгæ




