филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:13 суббота, 18 мая 2024
03 марта 2020, 18:03
Ӕвзонг аивадуарзджыты театр «Саби»-йы цӕттӕ кӕнынц бындурон цалцӕгмӕ

Национ проект «Культурӕ»-йы фӕрцы бӕстыхайы егъау рацарӕзтӕн федералон бюджетӕй радих кодтой 32 милуан сомы

Ӕвзонг аивадуарзджыты театр «Саби»-йы цӕттӕ кӕнынц бындурон цалцӕгмӕ. Национ проект «Культурӕ»-йы фӕрцы бӕстыхайы егъау рацарӕзтӕн федералон бюджетӕй радих кодтой 32 милуан сомы. Нӕ республикӕйы рагондӕр бӕстыхӕйттӕй иу арӕзт ӕрцыд 19-ӕм ӕнусы кӕрон. Фӕстаг 80 азмӕ ахӕм цалцӕг цӕуы фыццаг хатт. Театр нымад у историон, культурон ӕмӕ архитектурон хӕзнайыл. Уымӕ гӕсгӕ йе ддаг бакастыл бакусдзысты лӕмбынӕг, сног ӕй кӕндзысты сӕрмагонд ӕрмӕгӕй пайда кӕнгӕйӕ. Уый фӕрцы бахъахъхъӕндзысты йӕ фыццаг хуыз. Уымӕй дарддӕр ӕххӕстӕй баивдзысты бӕстыхайы сӕр, мидӕгӕй сцалцӕг кӕндзысты алы ран дӕр, суанг пъадвалы онг. Баивдзысты электрон тыхдӕттӕг телтӕ ӕмӕ сног кӕндзысты кӕрт. Куыстытӕ фӕуынмӕ хъавынц ацы азы ноябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania