05 ноября 2024, 10:37
Южныйы поселочы арæзт æрцыд æрвылазон республикон турнир грекъаг-римаг хъæбысхæстæй
Баст уыд Ирыстоны æдзард хъахъхъæнджыты рухс нæмттимæ
Южныйы поселочы арæзт æрцыд æрвылазон республикон турнир грекъаг-римаг хъæбысхæстæй. Баст уыд Ирыстоны æдзард хъахъхъæнджыты рухс нæмттимæ. Турниры архайдтой 150 спортсменæй фылдæр 13 уæзы категорийы. Се ппæт дæр уыдысты 2010-æмæй – 2015-æм азты гуырд. Сызгъæрин æмæ æвзист майдантæ рамбылдтой 13 адæймаджы. Бронзæ майданты хицæуттæ та систы 26-æй. Кадджын уазджыты хсæн уыдысты спортивон организациты минæвæрттæ, зындгонд чемпионтæ, стæй Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз.




